‏ Psalms 105

1Алелуйа!
Сыстаут Дунедарӕджы,
уымӕн ӕмӕ ныл ауды,
Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.
2Кӕй бон бауыдзӕни Дунедарӕджы хъомыс
дзыхы ныхасӕй равдисын?
Чи ракӕндзӕни Йе’ппӕт кады кой?
3Тӕхудиаг у, Хуыцауы амындтытӕ
сӕйраг кӕмӕн сты
ӕмӕ ӕдзух рӕстӕй чи цӕры, уый!
4О Дунедарӕг,
Дӕ адӕмӕн хӕрзаудӕн куы кӕнай,
уӕд-иу мӕн дӕр ӕрымыс!
Исты бӕллӕхӕй сӕ куы хизай —
мӕн дӕр-иу ма ферох кӕн,
5цӕмӕй уынон де’взӕрстыты фӕрныг цард,
Дӕ адӕмимӕ цин кӕнон
ӕмӕ Дын кад кӕнон семӕ — Дӕ исбонимӕ.

6Нӕ фыдӕлтау мах дӕр фӕтӕригъӕдджын стӕм,
фӕцалх стӕм ӕнаккаг митӕ, фыдракӕндтӕ аразыныл.
7Хуыцау Мысыры нӕ фыдӕлтӕн цы диссӕгтӕ равдыста,
уыдон сӕ ницӕуыл сахуыр кодтой,
цы бирӕ хӕрзты сын бацыди,
уыдон сӕ ферох сты,
ӕмӕ Сырх денджызы былгӕрон
сыстадысты Йӕ ныхмӕ.
8Фӕлӕ сӕ Хуыцау уӕддӕр фервӕзын кодта
Йӕ номы сӕраппонд,
цӕмӕй Йӕ хъомыс равдиса.
9Сырх денджызӕн бардзырд радта,
ӕмӕ уый байсысти,
раст цыма адӕм сур зӕххыл цыдысты,
уыйау сӕ хуыдымы’хсӕнты ракодта.
10Се знӕгты къухтӕй сӕ фервӕзын кодта,
фыдгулты къухтӕй сӕ бахызта.
11Се знӕгтӕ фӕдӕлдон сты,
иу дӕр дзы нӕ аирвӕзт.
12Уӕд Ын адӕм баууӕндыдысты Йӕ ныхӕстыл
ӕмӕ Йын кады зарӕг систой.
13Фӕлӕ та сӕ рӕхджы ферох сты Йӕ хъуыддӕгтӕ,
Йӕ уынаффӕйы сӕххӕстмӕ Йын
нал банхъӕлмӕ кастысты.
14Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ монцты уацары бахаудысты,
ӕдзӕрӕг ран Хуыцауы фӕлвӕрдтой,
15ӕмӕ сын Уый сӕххӕст кодта сӕ курдиат,
фӕлӕ сыл рын бафтыдта.

16Рӕсӕнуаты адӕм хӕлӕг кӕнын байдыдтой Моисеймӕ
ӕмӕ Дунедарӕджы уаз лӕггадгӕнӕг Ааронмӕ.
17Уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыди,
ӕмӕ зӕххы скъуыды аирвӕзтысты
Датан ӕмӕ Авирам йӕ балимӕ.
18Цӕлхӕмбырдӕй куыд уыдысты,
афтӕ сыл арт сирвӕзти,
ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ арты амӕттаг баисты.
19Хоревы хохы бын уыдон
уӕныджы згъӕрсурӕт джиппы рауагътой
ӕмӕ йӕм бакуывтой.
20Сӕ Хуыцауы — сӕ Кад — баивтой,
кӕрдӕг чи хӕры, уыцы галы халдихыл.
21Ферох кодтой Хуыцауы, сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы,
Мысыры сын стыр хъуыддӕгтӕ Чи равдыста,
22Хамы байзӕддаджы зӕххыл — диссӕгтӕ,
Сырх денджызы цур — тасӕфтауӕг хабӕрттӕ.
23Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!»
Фӕлӕ Йе’взӕрст адӕймаг Моисей
къӕдзӕхы скъуыды’рлӕууыди Йӕ размӕ,
цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст,
цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.

24Адӕм сӕ къух ауыгътой бӕллиццаг зӕххыл,
нӕ баууӕндыдысты Хуыцауы ныхасыл.
25Сӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтой,
Хуыцаумӕ нал хъуыстой.
26Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа,
цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,
27цӕмӕй сӕ байзӕддагӕн сӕ хал, сӕ бӕндӕн фӕхауа,
алы адӕмтӕ, алы бӕстӕтыл ныххӕлиу уой.

28Уыдон райдыдтой кувын
Пеоры хохы мӕнгхуыцау Баалӕн,
мӕрдтӕн хаст нывӕндты фыд хордтой.
29Хуыцауы мӕсты кодтой сӕ митӕй,
ӕмӕ сыл рын сыстади.
30Уӕд сын Пинхас тӕрхон кӕнын райдыдта,
ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.
31Уый тыххӕй Пинхас
рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыди
фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, ӕнусмӕ.

32Фӕлӕ та адӕм Меривайы доны цур
Хуыцауы зӕрдӕхудты бацыдысты,
уыдоны тыххӕй Моисей ӕфхӕрд баййӕфта:
33афтӕ сӕм смӕсты ис,
ӕмӕ тӕригъӕды бацыди йе’взагӕй.

34Дунедарӕджы дзырдмӕ нӕ байхъуыстой Йӕ адӕм —
кӕмӕй сын загъта, уыцы адӕмты нӕ ныццагътой,
35фӕлӕ схӕццӕ сты семӕ,
суанг ма сын се’гъдӕуттыл дӕр сахуыр сты.
36Сӕ гуымирытӕн сын лӕггад кӕнын райдыдтой,
ӕмӕ афтӕмӕй цъысымы бахаудтой.
37Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой
сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;
38ныккалдтой-иу ӕнаххос туг —
сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты туг.
Нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн,
ӕмӕ зӕхх фӕчъизи кодтой тугӕй.
39Се’наккаг митӕй фегад кодтой сӕхи,
сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — хъахбай митӕ.
40Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ,
ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.
41Ӕмӕ сӕ радта ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм,
фыдгултӕ сын хицӕуттӕ систы.
42Се знӕгтӕ сӕ ссӕстой,
цагъартӕ сӕ фестын кодтой.
43Дунедарӕг сӕ цал хатты бахызта фыдбылызӕй!
Фӕлӕ Йӕ уыдон мӕсты кодтой сӕ хиваст митӕй,
сӕ тӕригъӕдты аххосӕй
ӕгады бынатмӕ’рхаудысты.
44Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы’ркасти,
се’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,
45уӕд та-иу Йӕ зӕрдыл ӕрӕфтыди,
кӕддӕр семӕ цы фидыд сарӕзта, уый
ӕмӕ, бирӕбараг кӕй у,
уый фӕрцы та-иу сын фӕтӕригъӕд кодта.
46Уацары-иу кӕмӕ бахаудтой,
уыдоны зӕрдӕ-иу сӕм фӕфӕлмӕн кодта.

47О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау,
фервӕзын нӕ кӕн!
Ӕрӕмбырд нӕ кӕн адӕмты’хсӕнӕй,
цӕмӕй та Дын кад кӕнӕм Дӕ уаз номӕн,
Дӕ кадӕй Дын ӕппӕлӕм!
48Кад уӕд Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн,
мыггагӕй-мыггагмӕ!
Дзыллӕ иууылдӕр зӕгъӕнт: «Аммен! Алелуйа!»
Copyright information for OssIBT2022