Psalms 108
1Зарӕггӕнджыты разамонӕгӕн. Давиды псалом.О мӕ Хуыцау, ӕз Дӕу стауын!Ма у ӕнӕдзуапп!
2Уымӕн ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ
сӕ дзыхтӕ схӕлиу кодтой мӕ ныхмӕ,
сӕ мӕнгард ӕвзӕгтӕ суагътой.
3Ӕртыхстысты мыл се’фхӕрӕн ныхӕстӕ,
лӕбурынц мӕм ӕнӕ’фсонӕй.
4Мӕ уарзты тыххӕй сын ӕнӕуынон сдӕн,
ӕз та кувын.
5Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй,
мӕ уарзт — ӕнӕуынондзинадӕй.
6Ӕнӕхуыцауы амӕттаг фӕуӕд фыдгул,
зылынгӕнӕг йӕ рахизфарс ӕрлӕууӕд,
7тӕрхоны рӕстӕг азымджын разынӕд,
тӕригъӕдыл нымад ӕрцӕуӕд йӕ куывд;
8йӕ царды бонтӕ фӕцыбыр уӕнт,
йӕ бынат та йын бацахсӕд ӕндӕр;
9йӕ сабитӕ сидзӕрӕй баззайӕнт,
йӕ ус та — идӕдзӕй;
10йӕ хъӕбултӕ суӕнт мӕгуыргуртӕ,
сӕ быууаты дӕр сын ӕрлӕууӕн ма уӕд;
11йӕ исбон йӕ хӕсты ныхмӕ
фиддонӕн бахъӕуӕд,
йӕ фӕллой хӕлӕттаг фӕуӕд;
12мачи йын баххуыс кӕнӕд,
йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд;
13йӕ хъӕстӕ ӕлгъыстаг фӕуӕд,
дыккаг фӕлтӕры йӕ кой мауал фӕзынӕд;
14йӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ йын
Дунедарӕг ӕрымысӕд,
йӕ мады тӕригъӕдтӕ йын
ма ферох кӕнӕд.
15Дунедарӕг сын макуы ныббарӕд,
сӕ кой дӕр сын фесафӕд зӕххыл!
16Уымӕн ӕмӕ хорздзинад никуы ракодта,
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы фӕдыл зылди,
ӕфхӕрд адӕймаджы фесафынмӕ бӕллыд.
17Искӕй ӕлгъитынӕй ӕфсис нӕ зыдта,
ӕмӕ йе’лгъыстытӕ йӕхи сӕрыл ӕрцӕуӕнт;
арфӕ кӕнын нӕ уарзта,
ӕмӕ арфӕ макуы фенӕд!
18Ӕлгъыст йӕ дарӕс суӕд,
донау йӕ хуылфы ацӕуӕд,
сойау йе стджыты ахъарӕд,
19йе’рвылбоны дарӕс фестӕд
ӕмӕ, йӕ астӕуыл цы рон ӕрбабӕтты,
уый йын басгуыхӕд.
20Ахӕм арфӕ ракӕнӕд Дунедарӕг мӕ фыдгултӕн,
мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдонӕн!
21Мӕнӕн та, Дунедарӕг, баххуыс кӕн
Дӕ номы сӕраппонд;
Дӕ хорзӕхы фӕрцы мӕ
фервӕзын кӕн!
22Мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн ӕз,
риссы мӕ зӕрдӕ мӕ риуы.
23Тайын изӕры ӕндӕргтау,
сурынц мӕ мӕтыхтау.
24Ком дарынӕй мӕ уӕрджытӕ
мӕ быны фӕдыдагъ вӕййынц,
мӕ царм ме стджытыл бандӕгъди.
25Хъазӕнхъул фестадтӕн адӕмӕн,
мӕн фенгӕйӕ, сӕ сӕртӕ банкъусынц.
26Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг, ме Скӕнӕг,
Дӕ хорзӕх у фарн хӕссӕг —
фервӕзын мӕ кӕн.
27Уадз, базоной: уый мӕ Ды фервӕзын кодтай,
уый мын Дӕ хорзӕх уыди, Дунедарӕг.
28Уыдон мӕ ӕлгъитынц —
Ды арфӕ ракӕн,
уыдон мӕм лӕбурынц —
Ды сӕ худинаджы бын фӕкӕн,
ӕмӕ ныццин кӕндзӕни Дӕ цагъар.
29Мӕ хахуыргӕнджытӕн худинаг суӕд сӕ дарӕс,
ӕгады гакк — сӕ уӕлӕфтау.
30Ӕз та хъӕрӕй арфӕ кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн
ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн дзыллӕты ӕхсӕн.
31Уымӕн ӕмӕ Уый
мӕгуыр лӕджы рахизфарс ӕрлӕууыд,
цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕна,
азымджын ӕй чи кӕны, уыдонӕй.
Copyright information for
OssIBT2022