‏ Psalms 109

1Давиды псалом.

Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн:
«Сбад мӕ рахизфарс,
ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты
Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн».

2Дӕ хъаруйы лӕдзӕг Дӕм арвитдзӕни
Дунедарӕг Сионӕй —
ӕлдариуӕг кӕн Дӕ алыварс знӕгтӕн.
3Уыцы бон Дӕ адӕм
ӕмвӕндӕй тохмӕ рацӕудзысты Демӕ.
Сӕуӕхсидӕй Дӕ райгуырын кодтон
сӕууон ӕртӕхау.

4Сомы ракодта Дунедарӕг
ӕмӕ Йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн:
«Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».
5Дунедарӕг — Дӕ рахизфарс.
Йӕ азары бон паддзӕхты ӕрцӕвдзӕн.
6Адӕмтӕн рахӕсдзӕни тӕрхон,
мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕни бӕстӕ,
ӕгас зӕххыл хицӕутты сӕртӕ ныссӕтдзӕн.
7Фӕндагыл цӕугӕдонӕй нуаздзӕн,
ӕмӕ сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ кад.
Copyright information for OssIBT2022