‏ Psalms 11

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.

2Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ раст адӕймаг нал ис!
Адӕмы’хсӕн никӕуылуал ис ӕууӕнк.
3Иууылдӕр сайынц кӕрӕдзи,
козбау ныхас, ӕфсоны дзырд кӕнынц.
4Дунедарӕг фесафдзӕн
алы козбау ӕвзаджы хицауы,
хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.
5Уадз ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕной:
«Мах дзурынмӕ дӕсны стӕм.
Не’взаг нӕ бар у —
чи нын у хицау?»

6«Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц,
ӕнӕбонтӕ дзыназынц, —
ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн,
йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый
фервӕзын кӕндзынӕн», —
зӕгъы Дунедарӕг.

7Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты,
куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд
ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд,
ахӕм ӕвзистау.
8Дунедарӕг, Ды нӕ хъахъхъӕндзынӕ,
ацы мыггагӕй нӕ бахиздзынӕ ӕнустӕм.
9Нӕ алыварс ӕнӕхуыцӕуттӕ зилынц,
уымӕн ӕмӕ скадджын сты ницӕйӕгтӕ.
Copyright information for OssIBT2022