‏ Psalms 110

1Алелуйа!
Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ
рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы’хсӕн.
2Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ,
уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг.
3Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд,
Йӕ рӕстад у ӕнусон.
4Йӕ диссӕгтӕн ферохгӕнӕн нӕй,
фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у Дунедарӕг.
5Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг,
ӕнусмӕ Дзы нӕ рох кӕны Йӕ фӕдзӕхст.
6Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару —
муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта.
7Раст тӕрхон ӕмӕ ӕцӕгад — Йӕ хъуыддӕгты,
Йӕ уынаффӕтӕн фехалӕн нӕй,
8мыггагмӕ фидаргонд сты уыдон,
сӕ бындуры — ӕцӕгад ӕмӕ рӕстад.
9Уый фервӕзын кодта Йӕ адӕмы,
ӕнусон фидыд сарӕзта семӕ.
Уаз ӕмӕ тасӕфтауӕг — Йӕ ном!
10Уӕлзонды райдиан — Дунедарӕгӕй тас;
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи ӕххӕст кӕны,
уыдонӕн ис ӕмбаргӕ зонд.
Дунедарӕджы стаудзысты ӕнустӕм!
Copyright information for OssIBT2022