Psalms 111
1Алелуйа!Тӕхудиаг у, Дунедарӕгӕн аргъуыц чи кӕны,
Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон кӕмӕн сты.
2Тыхджын уыдзӕни уымӕн зӕххыл йӕ хъӕстӕ,
рӕстудты мыггаг арфӕгонд уыдзӕни.
3Мыды къусау — йӕ нӕргӕ хӕдзар,
йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон.
4Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг
хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у.
5Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг,
рӕдауӕй ӕфстау чи дӕтты
ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй чи аразы, уый.
6Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн,
рӕстгӕнӕг мыггагмӕ дӕр рох нӕ уыдзӕн.
7Нӕ фӕтӕрсдзӕни уый фыд уацӕй,
фидарӕй йӕ зӕрдӕ дары Дунедарӕгыл.
8Сабыр у йӕ зӕрдӕ,
нӕ фӕтӕрсдзӕни, йе знӕгтӕм кӕсгӕйӕ.
9Цы йӕм уыд, уый рӕдауӕй
байуӕрста мӕгуыртӕн;
йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон,
йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд.
10Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн,
йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн.
Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!
Copyright information for
OssIBT2022