‏ Psalms 113

1Израил Мысырӕй куы рацыдысты,
Йаковы байзӕддӕгтӕ — ӕцӕгӕлӕтты’хсӕнӕй,
2уӕд Иудӕ Дунедарӕджы уаз цӕрӕн сси,
Израил баци Йӕ исбон.
3Денджыз сӕ уындӕй фӕлыгъди,
Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыди.
4Хӕхтӕ схъиудтытӕ кодтой фырытау,
къуылдымтӕ — уӕрыччытау.
5Цы кӕныс, денджыз, кӕдӕм лидзыс?
Цы кӕныс, Иордан,
фӕстӕмӕ цӕмӕн раздӕхтӕ?
6Цы схъиут, хӕхтӕ, фырытау,
къуылдымтӕ — уӕрыччытау?
7Нырриз, зӕхх, Дунедарӕджы,
Йаковы Хуыцауы раз!
8Уый айнӕг фестын кӕны цад,
дур — донгуырӕн.
9Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ,
фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн,
Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!
10Цӕмӕн хъуамӕ дзурой муртаттӕгтӕ:
«Кӕм ис уӕдӕ сӕ Хуыцау?»
11Нӕ Хуыцау уӕлӕрвты ис,
Уый цы бафӕнда,
ӕмӕ цы нӕ бакӕндзӕн!
12Уыдонӕн та сӕ гуымирытӕ —
ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй,
адӕймаджы къухтӕй конд:
13дзых ис, фӕлӕ нӕ дзурынц,
цӕстытӕ ис, фӕлӕ нӕ уынынц;
14хъустӕ ис, фӕлӕ нӕ хъусынц,
ӕмбудӕнтӕ ис, фӕлӕ не’мбудынц;
15къухтӕ ис, фӕлӕ не’нкъарынц,
къӕхтӕ ис, фӕлӕ нӕ цӕуынц;
сӕ хъӕлӕсӕй иунӕг мыр дӕр нӕ сыхъуысы.
16Чи сӕ аразы ӕмӕ сӕ ныфс кӕмӕн сты,
уыдон дӕр уыдоны хуызӕн суӕнт!
17Израил, уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл! —
Уый у махӕн не’ххуысгӕнӕг, нӕ уарт.
18Аароны байзӕддӕгтӕ,
уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл! —
Уый у махӕн не’ххуысгӕнӕг, нӕ уарт.
19Дунедарӕджы тас кӕй ис, уыдон!
Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл! —
Уый у махӕн не’ххуысгӕнӕг, нӕ уарт.
20Дунедарӕг нӕ рох кӕны мах
ӕмӕ нын арфӕ кӕны:
арфӕ кӕны Израилы байзӕддагӕн,
арфӕ кӕны Аароны фӕдонтӕн.
21Арфӕ кӕны Уый,
Дунедарӕджы тас кӕй ис,
уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр —
стырӕй, чысылӕй.
22Дунедарӕг уын сбирӕ кӕнӕд уӕ мыггаг —
уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ цотӕн дӕр.
23Арфӕгонд стут сымах Дунедарӕгӕй,
арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй.
24Арв Дунедарӕджы у,
зӕхх та Уый адӕмӕн саккаг кодта.
25Дунедарӕджы мӕрдтӕ не стауынц,
ингӕнмӕ ныххизджытӕ Йын
кады зарӕг нӕ сисынц,
26фӕлӕ мах арфӕ кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн,
абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.
Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022