Psalms 114
1Ӕз цин кӕнын, Дунедарӕг мын мӕ дзыназын,мӕ куывд кӕй фехъуыста, ууыл.
2Йӕ хъус мӕм ӕрдардта,
ӕмӕ Йын Ӕз ардзынӕн Йӕ ном,
цалынмӕ удӕгас уон, уӕдмӕ.
3Мӕлыны къахыл ныллӕууыдтӕн,
мӕрдтыбӕсты хъизӕмӕрттӕ мӕ баййӕфтой,
сӕргой ӕмӕ додойаг фӕдӕн.
4Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон:
«О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»
5Дунедарӕг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг у,
барон у нӕ Хуыцау.
6Ӕнӕхинтыл Йӕ арм дары Дунедарӕг,
ӕз бастадтӕн, ӕмӕ мӕ Уый фервӕзын кодта.
7О мӕ уд, дӕхимӕ ӕрцу ӕмӕ ӕрсабыр у —
Дунедарӕг дӕ схайджын кодта Йӕ хорзӕхӕй!
8Ды мын мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй,
мӕ цӕстытӕ — цӕссыгӕй,
мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй!
9Ӕмӕ удӕгӕсты дунейы
ӕз Дунедарӕджы раз
мӕ царды бонтӕ ӕрвитдзынӕн.
Copyright information for
OssIBT2022