‏ Psalms 115

1Мӕ уырнындзинад фидар уыд,
ӕмӕ ӕз уымӕ гӕсгӕ дзырдтон:
«Бастадтӕн бынтондӕр».
2Мӕ фыр тыхстӕй загътон:
«Иу адӕймагыл дӕр ӕууӕнк нӕй».
3Дунедарӕджы хӕрзтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн ӕз?
4Ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн
ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.
5Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон —
иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн
Йе’ппӕт адӕмы раз.
6Дунедарӕджы цӕсты зынаргъ у
Йӕ сыгъдӕджыты мӕлӕт.
7О Дунедарӕг, ӕз Дӕ цагъар дӕн, Дӕ цагъар,
Дӕ цагъар сылгоймаджы хъӕбул;
Ды мӕ суӕгъд кодтай мӕ рӕхыстӕй.
8Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн
ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.
9Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон —
иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн
Йе’ппӕт адӕмы раз,
10Дунедарӕджы Аргъуаны кӕрты,
дӕ астӕу, Йерусалим! Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022