Psalms 120
1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон хӕхтӕм:кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?
2Баххуыс мын кӕндзӕни Дунедарӕг —
арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг.
3Дӕ къах дын Уый нӕ бауадздзӕни фӕцудын,
дӕ хъахъхъӕнӕг рӕдзӕ-мӕдзӕ нӕ кӕны.
4Рӕхцгӕ ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны
Израилы хъахъхъӕнӕг.
5Дӕуыл ауды Дунедарӕг,
Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн,
Уый лӕууы дӕ рахизфарс.
6Боныгон дӕ хур нӕ ныццӕвдзӕн,
ӕхсӕвыгон дӕ мӕй нӕ бахъыгдардзӕн.
7Дунедарӕг дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй,
бахиздзӕн дын дӕ уд.
8Дунедарӕг дын хъахъхъӕндзӕн
дӕ ацыд ӕмӕ де’рбацыд
ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.
Copyright information for
OssIBT2022