‏ Psalms 123

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид.

Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, —
Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, —
2Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид,
адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты —
3удӕгасӕй нӕ аныхъуырдтаиккой
сӕ судзгӕ масты пиллонӕй.
4Фӕдӕлдон уыдаиккам,
дӕттӕ цыдаиккой нӕ сӕрты,
5доны знӕт уылӕнты бын фӕуыдаиккам.
6Арфӕгонд у Дунедарӕг,
сӕ дӕндӕгты амӕттаг нӕ Чи нӕ бакодта!
7Маргъ ахсӕн хызӕй куыд аирвӕзы,
уыйау мах дӕр аирвӕзтыстӕм.
Ахсӕн хыз аскъуыд, ӕмӕ ссӕрибар стӕм.
8Ауды ныл Дунедарӕг —
арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.
Copyright information for OssIBT2022