‏ Psalms 124

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Дунедарӕг йӕ ныфс кӕмӕн у,
уый Сионы хохау нӕ фенкъуысдзӕни мыггагмӕ.
2Йерусалимы алыварс хӕхтӕ куыд лӕууынц,
афтӕ Дунедарӕг дӕр Йӕ адӕмыл ӕртыхсти —
ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.
3Ӕнӕхуыцӕуттӕ нӕ бацахсдзысты
рӕстгӕнджыты бӕстӕ,
цӕмӕй рӕстудтӕн дӕр
сӕ къух ма фӕтаса фыдмимӕ.
4О Дунедарӕг, ахъаз бакӕн
хӕларзӕрдӕтӕн ӕмӕ рӕстудтӕн!
5Галиу фӕндӕгтыл чи ныллӕууыд,
уыдоны та фыдгӕнджытимӕ бафхӕр!
Фӕрнӕйдзаг уӕд Израил!
Copyright information for OssIBT2022