Psalms 127
1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.Тӕхудиаг сты, Дунедарӕгӕй чи тӕрсы,Йӕ фӕндӕгтыл Ын чи цӕуы, уыдон!
2Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ.
Тӕхудиаг дӕ, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!
3Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг
зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын,
дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ —
оливӕ бӕласы ӕвзартау.
4Дунедарӕгӕй чи тӕрсы,
ууыл ахӕм арфӕ ӕрцӕудзӕн!
5Сионы хохы сӕрӕй дыл Дунедарӕг
Йӕ арфӕ ӕруадздзӕн!
Цӕрӕнбонты цин кӕндзынӕ
Йерусалимы амондыл!
6Дӕ цоты цоты дӕр ма ӕрӕййафдзынӕ!
Израилы адӕм фӕрнджын уӕнт!
Copyright information for
OssIBT2022