‏ Psalms 128

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Ме’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, —
зӕгъӕд Израил, —
2ме ме’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой,
фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.
3Ме рагъыл мын хуым кодтой хуымгӕнджытӕ,
ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.
4Фӕлӕ Дунедарӕг рӕстаг у:
ӕнӕхуыцӕутты хъадамантӕ ныссаста.
5Сионы хох ӕнӕуынон кӕмӕн у,
уыдон фидиссаг фӕуӕнт
ӕмӕ сӕ фӕд-фӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕнт!
6Уӕлхӕдзӕрттыл цы кӕрдӕг фӕзыны,
уый хуызӕн суӕнт: нӕма сырӕзы,
афтӕмӕй бахус вӕййы.
7Тыллӕгӕфснайӕг дзы йӕ къух нӕ байдзаг кӕндзӕн,
куырисбӕттӕг — йӕ арм.
8Сӕ цурты-иу чи рацӕйцӕуа,
уыдон сын нӕ зӕгъдзысты:
«Дунедарӕг уын раарфӕ кӕнӕд!
Мах дӕр уын арфӕ кӕнӕм Йӕ номӕй!»
Copyright information for OssIBT2022