‏ Psalms 129

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

Дунедарӕг! Дзыназын Дӕм уынгӕг ранӕй!
2Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ хъӕлӕс,
ӕрыхъус мын мӕ куывдмӕ.
3Дунедарӕг! Ды нын нӕ тӕригъӕдтӕм куы кӕсай,
уӕд чи бафӕраздзӕн!
4Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ —
уадз ӕмӕ Дын аргъуыц кӕной.
5Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ,
ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕ уд,
Йӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.
6Хъахъхъӕнӕг сӕуӕхсидмӕ афтӕ не’нхъӕлмӕ кӕсы,
ӕз Дунедарӕгмӕ куыд кӕсын ӕнхъӕлмӕ.
7Израил йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг у,
Йӕ бон у фервӕзын кӕнын.
8Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы
йе’ппӕт тӕригъӕдтӕй.
Copyright information for OssIBT2022