‏ Psalms 130

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид.

О Дунедарӕг! Ӕз сӕрбӕрзонд нӕ уыдтӕн,
ӕнӕввӕрсонӕй никӕмӕ кастӕн,
мӕ зонд кӕмӕ не’ххӕссы,
уыцы стыр хъуыддӕгтӕ
мӕхимӕ никуы райстон.
2Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн
ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон,
цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.

3Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ дарӕд Израил
нырӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ!
Copyright information for OssIBT2022