‏ Psalms 131

1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.

О Дунедарӕг, ӕрымыс Давиды,
ӕрымыс ын йӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ —
2куыд басомы кодта Дунедарӕгӕн,
дзырд куыд радта Йаковы Хъомысджынӕн:
3«Мӕ цатырмӕ нӕ бацӕудзынӕн,
мӕ хуыссӕны не’рхуысдзынӕн,
4мӕ цӕстытӕ не’рцъынд кӕндзынӕн,
мӕ уӕлтъыфылтӕй хуыссӕг фӕсурдзынӕн,
5цалынмӕ Дунедарӕгӕн,
Йаковы Хъомысджынӕн
цӕрӕн бынат ссарон, уӕдмӕ».

6Йӕ кой уымӕн фехъуыстам Ефрафӕйы,
Йаары быдырты йӕ ссардтам.
7Фӕцӕуӕм Йӕ цӕрӕны размӕ,
Бакувӕм Ын Йӕ къахӕвӕрӕны цур!
8О Дунедарӕг, ӕрцу Де’нцойады бынатмӕ,
Ды ӕмӕ Дӕ хъомысы Чырын.
9Дӕ сауджынтӕ сӕхи сфӕлындӕнт рӕстадӕй!
Дӕ иузӕрдионтӕн сӕ цины хъӕр райхъуысӕд!
10Давиды, Дӕ цагъары, сӕраппонд,
ма атигъ кӕн Дӕхи Дӕ байсӕрстыл!
11Дунедарӕг Давидӕн ӕнувыдӕй расомы кодта
ӕмӕ никуы аивдзӕни Йӕ сомы:
«Дӕ паддзахы бадӕны дын сбадын
кӕндзынӕн дӕ байзӕддаджы.
12Мӕ фидыдыл Мын иузӕрдион куы уой,
Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы ӕххӕст кӕной,
уӕд-иу уыдоны байзӕддаг дӕр
мыггагӕй мыггагмӕ
дӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзысты».
13Дунедарӕг равзӕрста Сионы сахар,
Йӕхицӕн дзы цӕрӕнбынат скодта:
14«Мӕнӕ Мӕ цӕрӕн ран мыггагмӕ!
Ӕрцӕрдзынӕн дзы, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзын!
15Йӕ хойраджы бӕркадӕн ын раарфӕ кӕндзынӕн,
йӕ мӕгуырты йын бафсаддзынӕн дзулӕй.
16Йӕ сауджынты йын ирвӕзындзинадӕй сфӕлынддзынӕн,
уадз ӕмӕ цин кӕной йӕ сыгъдӕджытӕ.
17Уым Давидӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ хъомыс,
Мӕ байсӕрст паддзахӕн йӕ цырагъ
ахуыссын нӕ бауадздзынӕн.
18Йӕ фыдгулты йын фӕхудинаг кӕндзынӕн,
уымӕн та йӕ сӕрыл тӕмӕнтӕ калдзӕни кады худ».
Copyright information for OssIBT2022