Psalms 132
1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид.Куыд ӕхсызгон ӕмӕ куыд хорз у —ӕфсымӕртӕ иумӕ фидыдӕй куы фӕцӕрынц!
2Уый у ӕвзаргӕ оливӕйы сойау,
Ааронӕн йӕ сӕрӕй йӕ боцъомӕ,
боцъойӕ та йӕ дарӕсы кӕрӕттӕм чи тӕдзы.
3Уый у Ермоны хохы ӕртӕхау,
Сионы хӕхтӕм чи ӕрцӕуы,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыцы бынатӕн балӕвар кодта
арфӕ ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
Copyright information for
OssIBT2022