Psalms 133
1Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг.Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕнут,Йе’ппӕт цагъартӕ,
ӕхсӕвыгӕтты Дунедарӕджы хӕдзары
лӕггад чи кӕны, уыдон!
2Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут
ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
3Арфӕ дын ракӕндзӕни Сионӕй Дунедарӕг,
арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.
Copyright information for
OssIBT2022