Psalms 137
1Давиды псалом.Стауын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ,зарын Дӕ кадӕн зӕдты раз.
2Ӕрзоныг кӕнын Дӕ уаз Кувӕндоны раз
ӕмӕ стауын Дӕ ном
Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдионы тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ Ды ӕппӕтӕй уӕлдӕр систай
Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.
3Цы бон Дӕм скуывтон,
уыцы бон мын дзуапп радтай,
ныфс бауагътай мӕ зӕрдӕйы.
4О Дунедарӕг, скадджын Дӕ кӕндзысты
ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ,
Дӕ комӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд.
5Стаудзысты уыдон Дунедарӕджы фӕндӕгтӕ,
уымӕн ӕмӕ стыр у Дунедарӕджы кад.
6Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны,
сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ.
7Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон,
уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй,
мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ,
Дӕ арм мыл дардзынӕ.
8Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни!
Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у!
Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой!
Copyright information for
OssIBT2022