Psalms 141
1Давиды зондамонӕн псалом. Йӕ куывд, лӕгӕты куы уыдис, уӕд.Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр кӕнын,Дунедарӕгмӕ кувын хъӕрӕй.
2Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы,
мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.
3Мӕ уд куы бастади мӕ мидӕг —
зыдтай мын Ды мӕ фӕндаг.
Цы фӕндагыл цыдтӕн,
уым мын мӕ размӕ сӕвӕрдтой къӕппӕг.
4Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын:
хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй,
нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран,
мӕ удыл мын ничи тыхсы.
5Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг,
ӕмӕ загътон:
«Ды дӕ ме’мбӕхсӕн,
мӕ амонды хай зӕххыл!»
6Тынг ӕрлӕмӕгъ дӕн,
ӕмӕ мын ме’рдиагмӕ ӕрыхъус!
Мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ бахиз,
уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты.
7Мӕ ахӕсты бынатӕй мӕ ракӕн,
ӕмӕ ӕз стаудзынӕн Дӕ ном.
Рӕстгӕнджытӕ мӕ алыварс ӕрлӕудзысты,
Дӕ хорзӕхӕй мӕ куы схайджын кӕнай, уӕд.
Copyright information for
OssIBT2022