‏ Psalms 142

1Давиды псалом.

О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд,
ӕрдар Дӕ хъус мӕ лӕгъстӕмӕ,
ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз:
Ды иузӕрдыг ӕмӕ рӕстаг дӕ!
2Дӕ цагъаримӕ ма ӕрлӕуу тӕрхоны —
кӕй бон у сраст кӕнын йӕхи Дӕ разы?

3Мӕ фӕдыл сагъуыди знаг ӕмӕ мӕ ссӕнды,
раджы чи амарди,
уый хуызӕн мӕ талынгмӕ ӕппары.
4Мӕ уд мӕ мидӕг бастади,
мӕ зӕрдӕ бандзыг ис.

5Ӕрымысыдтӕн незамантӕ ӕз,
мӕ хъуыдыйы Дӕ алы хъуыддаг дарын,
дис кӕнын Дӕ къухты скондыл.
6Мӕ цӕнгтӕ ивазын Дӕумӕ,
донхъуаг зӕххау Дӕм тырны мӕ уд.

7О Дунедарӕг, ратт мын тагъддӕр дзуапп:
баруади мӕ уд мӕ мидӕг!
Дӕ цӕсгом ма ӕмбӕхс мӕнӕй,
цӕмӕй ӕз ма уон ингӕнмӕ цӕуӕгау.
8Сӕумӕйӕ мын Дӕ хорзӕх равдис —
Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ.
Ды сараз раст фӕндагыл мӕн —
Дӕумӕ тырны мӕ уд.
9О Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн знӕгтӕй,
ӕххуысагур Дӕумӕ сидын.
10Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мӕ сахуыр кӕн —
Ды мӕ Хуыцау дӕ.
Дӕ фарн хӕссӕг Уд мӕ
раст фӕндагыл кӕнӕд!
11Дӕ номы сӕраппонд мӕ райгас кӕн, о Дунедарӕг,
рӕстаг дӕ Ды, фыдбылызӕй мӕ фервӕзын кӕн.
12Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ ме знӕгтӕн скӕн кӕрон,
бабын мын кӕн мӕ фыдгулты,
уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ цагъар дӕн.
Copyright information for OssIBT2022