Psalms 143
1Давиды псалом.Арфӕгонд у Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх —мӕ къухтӕ мын цӕттӕ кӕны хӕстмӕ,
ме’нгуылдзтӕ — хӕцӕнгарзыл хӕцынмӕ.
2Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар,
ме’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт,
ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын;
мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.
3О Дунедарӕг, цы у адӕймаг,
ӕмӕ йыл Ды аудай?
Цы у лӕджы фырт,
ӕмӕ йыл Ды бамӕт кӕнай?
4Адӕймаг у дымгӕйы ӕрбадымдау,
йӕ царды бонтӕ аууонау ӕрбайсӕфынц.
5О Дунедарӕг, ӕркъул кӕн уӕлӕрвтӕ
ӕмӕ ӕрхиз дӕлӕмӕ;
бандзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕла.
6Мӕ фыдгултыл мын ныффалгӕрон кӕн арвӕрттывдтӕй,
лидзӕг сӕ фӕкӕн Дӕ фаттӕй.
7Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух
ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн хуыдымӕй,
байс мӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй!
8Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.
9О Хуыцау, ног зарӕг азардзынӕн Дӕ кадӕн,
ӕрцӕгъддзынӕн Дын дӕстӕнонӕй!
10Ды фервӕзын кӕныс паддзӕхты,
Дӕ цагъар Давиды бахизыс
мӕлӕтхӕссӕг кардӕй.
11Фервӕзын мӕ кӕн,
ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй мӕ байс!
Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас,
сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.
12Нӕ фырттӕ уадз ӕмӕ фестой,
ӕвзонгӕй бӕрзонд чи фӕцыд, уыцы бӕлӕстау,
нӕ чызджытӕ та — галуаны нывӕфтыд цӕджындзтау.
13Нӕ хордӕттӕ семыдзаг бауӕнт
алыхуызон хоры бӕркадӕй,
нӕ фыстӕ мингай уӕрыччытӕ уадзӕнт,
дӕсгай минтӕй хизӕнт нӕ сӕрвӕтты.
14Хӕрзхаст уӕнт нӕ галтӕ,
давӕг сӕм ӕввахс куыннӕ цӕуа,
сӕфгӕ дӕр дзы куыннӕ кӕна;
ма хъуысӕд хъарӕг нӕ уынгты.
15Тӕхудиаг сты уыцы адӕм,
ахӕм арфӕ кӕуыл ӕрцыд!
Тӕхудиаг сты уыцы адӕм,
Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у!
Copyright information for
OssIBT2022