Psalms 144
1Давиды кады зарӕг.Кад Дын кӕндзынӕн,мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Паддзах,
Дӕ ном Дын стаудзынӕн мыггагмӕ.
2Ӕрвылбон Дын кад кӕндзынӕн,
мыггагмӕ Дын ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй.
3Стыр у Дунедарӕг ӕмӕ у ӕппӕлыны аккаг,
зонд не’ххӕссы Йе стырадыл.
4Иу фӕлтӕр иннӕмӕн ӕппӕлдзӕни Дӕ хъуыддӕгтӕй,
Дӕ хъомысы кой кӕндзӕни.
5Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ кадыл,
Де стырадыл, Дӕ диссӕгтыл.
6Дӕ карз хъуыддӕгтӕн адӕм
сӕ хъомысы кой кӕндзысты,
ӕмӕ ӕз Де стырадыл дзурдзынӕн.
7Де стыр хорзӕхты кой дын ракӕндзысты,
Дӕ рӕстдзинад Дын стаудзысты.
8Рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Дунедарӕг,
бирӕбыхсаг у, ӕнӕкӕрон у Йӕ уарзт.
9Дунедарӕг дзӕбӕх цӕстӕй кӕсы алкӕмӕ дӕр,
Йӕ хорзӕх ӕруадзы Йе’ппӕт скондтыл.
10Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг,
кад кӕны Дӕуӕн,
Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.
11Уыдон дзурдзысты Дӕ паддзахады кадыл,
Дӕ хъомысы кой кӕндзысты,
12цӕмӕй адӕмӕн раргом уа Дӕ хъомыс,
Дӕ паддзахады кад ӕмӕ стырад.
13Дӕ паддзахдзинад у ӕнусон,
Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
14Чи фӕкӕлы, уыдонӕн Дунедарӕг у фӕхӕцӕг,
чи афӕлдӕхт, уый фӕстӕмӕ
слӕууын кӕны йӕ къӕхтыл.
15Алкӕмӕн дӕр йӕ каст Дӕумӕ у,
алкӕмӕн дӕр йӕ афоныл хойраг раттыс.
16Байгом кӕныс Дӕ арм
ӕмӕ алы цардуды дӕр бафсадыс
йӕ зӕрдӕйы фӕндиаг.
17Дунедарӕг Йӕ алы фӕндаджы дӕр рӕстаг у,
Йӕ алы хъуыддаджы дӕр — хӕрзаудӕг.
18Дунедарӕг хӕстӕг у, чи Йӕ агуры, уыдонмӕ,
рӕстзӕрдӕйӕ Йӕм чи кувы, уыдонмӕ се’ппӕтмӕ дӕр.
19Чи Дзы тӕрсы,
уыдонӕн ӕххӕст кӕны сӕ фӕндтӕ,
сӕ дзыназын сын хъусы
ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕны.
20Дунедарӕг, чи Йӕ уарзы,
уыдоны се’ппӕты дӕр хъахъхъӕны,
ӕнаккӕгты та фесафдзӕн.
21Дунедарӕгӕн кады ныхӕстӕ
уыдзысты мӕ былалгъыл.
Алы цӕрӕг уд дӕр кад кӕнӕд мыггагмӕ
Дунедарӕджы уаз номӕн.
Copyright information for
OssIBT2022