‏ Psalms 146

1Алелуйа!
Стаут Дунедарӕджы —
куыд ӕхцон у нӕ Хуыцауы кадӕн зарын!
Куыд адджын у, куыд ӕхсызгон у Уый стауын!
2Дунедарӕг аразы Йерусалим,
ӕмбырд кӕны Израилы тард адӕмы.
3Дунедарӕг сдзӕбӕх кӕны зӕрдӕсастыты,
сӕ хъӕдгӕмттӕ сын бабӕтты.
4Уый банымайы стъалытӕ,
алкӕй дӕр дзы хоны йӕ номӕй.
5Стыр у Дунедарӕг,
ӕмӕ стыр у Йӕ хъомыс,
ӕгӕрон у Йӕ зонд.
6Дунедарӕг сбӕрзонд кӕны сӕрныллӕджыты,
ӕнаккӕгты та зӕххы онг ӕруадзы.
7Дунедарӕгӕн кады зарӕг сисут,
хъисфӕндыртимӕ азарут нӕ Хуыцауӕн.
8Уый арв ӕрбамбӕрзы мигътӕй,
зӕххыл къӕвда ӕруадзы,
хӕхтыл кӕрдӕг ӕрзайын кӕны.
9Уый дӕтты хӕринаг цӕрӕгойтӕн
ӕмӕ халоны ӕххормаг цъиутӕн.
10Уый бӕхӕн йӕ хъарумӕ нӕ кӕсы,
адӕймаджы цӕрдӕг къӕхтӕ ницӕмӕ дары.
11Чи Дзы тӕрсы
ӕмӕ Йӕ хорзӕхмӕ ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы,
уыдоныл ауды.
Copyright information for OssIBT2022