‏ Psalms 147

1Стау, Йерусалим, Дунедарӕджы!
Стау, Сион, дӕ Хуыцауы!
2Уымӕн ӕмӕ дын Уый
дӕ кулдуары ӕвдузӕнтӕ фидар кӕны,
дӕ фырттӕн дын арфӕ кӕны!
3Дӕ арӕнтыл дын фарн тауы,
ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй дӕ ӕфсады.
4Уый зӕххӕн Йӕ уынаффӕтӕ ӕрвиты
ӕмӕ Йӕ ныхас уайтагъд ӕрыхъуысы зӕхмӕ.
5Урс тинтычъийау ӕрытауы мит,
ӕртхутӕгау ӕрызгъалы халас.
6Къӕртгай ӕркалы их,
чи бафӕраздзӕн Йӕ хъызтӕн?
7Уый куы фӕзӕгъы, уӕд Йӕ дзырдӕй атайы алцы,
дымгӕ рауадзы, ӕмӕ азгъорынц дӕттӕ.
8Уый Йӕ ныхас загъта Йаковӕн,
Йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ — Израилӕн.
9Ӕндӕр адӕмтӕн ахӕмӕй ницы бакодта,
нӕ Йын зонынц уыдон Йӕ уагӕвӕрдтӕ.
Алелуйа!
Copyright information for OssIBT2022