Psalms 148
1Алелуйа!Стаут Дунедарӕджы уӕлӕрвтӕй,
стаут Дунедарӕджы бӕрзӕндты.
2Стаут Ӕй, Йе’ппӕт зӕдтӕ,
стаут Ӕй, Йе’ппӕт ӕфсӕдтӕ.
3Стаут Ӕй, хур ӕмӕ мӕй,
стаут Ӕй, цӕхӕркалгӕ стъалытӕ.
4Стаут Ӕй, уӕлӕрвты сӕрмӕ уӕлдунетӕ,
арвы сӕрмӕ цы дӕттӕ ис, уыдон.
5Стауӕнт се’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ном,
уымӕн ӕмӕ Уый бардзырд радта, ӕмӕ фӕзындысты.
6Сӕвӕрдта сӕ мыггагмӕ,
радта сын ӕгъдау,
ӕмӕ йӕ сӕрты нӕ ахиздзысты.
7Дунедарӕджы стаут, зӕххон цӕрджытӕ,
стыр кӕсӕгтӕ ӕмӕ фурды ӕрфытӕ,
8арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ,
Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ,
9хӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт къуылдымтӕ,
дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ ӕппӕт кедртӕ,
10сырдтӕ ӕмӕ ӕппӕт фос,
хилӕгойтӕ ӕмӕ базырджын мӕргътӕ,
11дунейы ӕппӕт паддзӕхтӕ,
ӕппӕт адӕмтӕ, ӕппӕт барджынтӕ ӕмӕ
дунейы ӕппӕт тӕрхонгӕнджытӕ,
12ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чындздзон чызджытӕ,
зӕрӕдтӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ.
13Иууылдӕр стауӕнт Дунедарӕджы ном —
Дунедарӕджы номӕй ницы ис уӕлдӕр,
зӕхх ӕмӕ арвӕй бӕрзонддӕр у Йӕ кад.
14Уый Йӕ адӕмӕн радта уӕлахиз,
скадджын кодта Йе’ппӕт сыгъдӕджыты —
Израилы байзӕддаджы,
ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы.
Алелуйа!
Copyright information for
OssIBT2022