‏ Psalms 15

1Давиды зарӕг.

Хъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг,
уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ!
2Ӕз загътон Дунедарӕгӕн:
«Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг,
мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»
3Зӕххыл Дын чи ис,
Дӕ уыцы диссаджы сыгъдӕджытӕм,
ӕз тырнын зӕрдиагӕй.
4Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы,
уыдон мастӕй цух ма уӕнт.
Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн,
ме’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.
5Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт.
Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.
6Мӕнмӕ ӕрхауди диссаджы арӕнтӕ,
ӕхцон мын у мӕ исбон!
7Арфӕ ракӕндзынӕн Дунедарӕгӕн,
раст зондыл мӕ чи ӕфтауы, Уымӕн.
Йӕ зондамынд мӕ хъахъхъӕны ӕхсӕв дӕр!
8Дунедарӕг мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр,
Уый мӕ рахизфарс ис —
ӕз нӕ фӕцуддзынӕн.
9Райы мӕ зӕрдӕ,
мӕ былалгъыл — цин,
суанг мӕ буар дӕр
зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн.
10Уымӕн ӕмӕ Ды мӕн
нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты,
Дӕ сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.
11Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ:
цинӕфсӕст уыдзынӕн Дӕ цӕсгомы раз,
Дӕ рахиз къухы бын — ӕнусон амонд.
Copyright information for OssIBT2022