Psalms 150
1Алелуйа!Стаут Дунедарӕджы Йӕ Кувӕндоны,
стаут Ӕй уӕлӕрвты.
2Стаут Ӕй Йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй,
стаут Ӕй Йе стырады тыххӕй.
3Стаут Ӕй сыкъауадындзы зӕлтӕй,
стаут Ӕй дыууадӕстӕнонтыл ӕмӕ хъисфӕндыртыл.
4Стаут Ӕй далаимӕ кафтӕй,
стаут Ӕй хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзты цагъдӕй.
5Стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕлтӕй,
стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕллангӕй.
6Алы цӕрӕг уд дӕр Дунедарӕджы стауӕд!
Алелуйа!
Copyright information for
OssIBT2022