‏ Psalms 19

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2Дӕ хъыджы заман дӕ Дунедарӕг фехъусӕд,
Йаковы Хуыцауы ном дӕ хъахъхъӕнӕд!
3Йе’ххуысы хай дын рарвитӕд Йӕ Кувӕндонӕй,
хъару — Сионы хохӕй!
4Де’ппӕт хуынтӕ дын ӕрымысӕд,
дӕ иууылсудзинӕгтӕ дын айсӕд.
5Дӕ зӕрдӕ цӕмӕ бӕллы,
уыдон дын Йӕ цӕст бауарзӕд!
Де’ппӕт фӕндтӕ дӕ къухы цы бафтой,
уыцы ахъаз дын бакӕнӕд!
6Махӕн та ахӕм арфӕ ракӕнӕд,
ӕмӕ дын дӕ уӕлахизыл цин куыд кӕнӕм,
нӕ Хуыцауы номыл бӕрзонд куыд сисӕм
уӕлахизы тырыса!
Дӕуӕн та Дунедарӕг
дӕ курдиӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд!

7Ныр ӕз зонын,
Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы
кӕй ирвӕзын кӕны.
Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын
фехъусы йӕ сидт,
Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын
ратты уӕлахиз.
8Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы,
чи — йӕ бӕхтӕй,
мах та стауӕм Дунедарӕджы,
нӕ Хуыцауы, ном.
9Уыдон фӕцудыдтой ӕмӕ ӕрхаудысты,
мах та сыстадыстӕм
ӕмӕ фидар лӕууӕм.
10О Дунедарӕг, ратт уӕлахиз паддзахӕн!
Фӕдисхъӕр Дӕм куы ныккӕнӕм,
уӕд-иу нӕ фехъус!
Copyright information for OssIBT2022