‏ Psalms 2

1Цӕмӕн змӕнтынц адӕмтӕ,
кӕмӕй ницы рауайдзӕн,
ахӕм фӕнд цӕмӕн нывӕндынц дзыллӕтӕ?
2Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ,
ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ
Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ:
3«Арӕдувӕм сын сӕ хъадамантӕ,
аппарӕм сын сӕ сахсӕнтӕ!»
4Йӕ паддзахы бадӕн арв Кӕмӕн у,
Уый сыл худы,
худӕгӕй сыл мӕлы Дунедарӕг.
5Йӕ афоны сын зӕгъдзӕни мӕстыйӕ,
Йӕ судзгӕ мастӕй сыл тас бафтаудзӕн:
6«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл
Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».

7«Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ:
афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ;
ды Мын абон райгуырдтӕ.
8Кур, ӕмӕ дын адӕмты дӕ къухмӕ ратдзынӕн,
арвы кӕрӕттӕм зӕхх дӕ бар бакӕндзынӕн.
9Де’фсӕн лӕдзӕгӕй сӕ ӕрцӕвдзынӕ,
дурынтау сӕ ныззыгуым кӕндзынӕ“».

10Уӕдӕ уӕхи ӕрӕмбарут, паддзӕхтӕ,
уӕхимӕ ӕрцӕут, зӕххон барджынтӕ!
11Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут тасимӕ
ӕмӕ райут, стъӕлфгӕйӕ.
12Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ,
цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа,
ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат!
Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст!
Тӕхудиаг сты,
йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!
Copyright information for OssIBT2022