Psalms 20
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2О Дунедарӕг! Дӕ хъаруйыл цин кӕны паддзах,йӕ зӕрдӕ райы Дӕ ирвӕзындзинадӕй!
3Цӕмӕ бӕллыд, уый йын радтай,
йӕ курдиатыл нӕ атигъ кодтай Дӕхи.
4Схайджын ӕй кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй,
йӕ сӕрыл ын сыгъзӕрин кады худ ӕркодтай.
5Уый Дӕуӕй куырдта цард,
ӕмӕ йын Ды бирӕ цӕрӕнбон радтай ӕнусмӕ.
6Дӕ ирвӕзындзинад ын ӕрхаста намыс,
бӕрзонд ӕй систай, ӕмӕ ӕрттивы йӕ ном.
7Арфӕгонд у Дӕуӕй ӕнусмӕ,
Дӕ цӕсгомы рухсӕй райы йӕ зӕрдӕ.
8Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у,
Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис,
ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.
9Дӕ къухӕй нӕ аирвӕздзысты Де знӕгтӕ,
Дӕ рахиз къух баххӕсдзӕни,
ӕнӕуынон кӕмӕн Дӕ, уыдонмӕ.
10Дӕ азары заман сӕ Ды
судзгӕ пец фестын кӕндзынӕ.
Дунедарӕджы маст сӕ фесафдзӕн,
арты хай бауыдзысты.
11Ды сын зӕххы цъарӕй
фесафдзынӕ сӕ байзӕддаджы,
мыггагыскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕ
адӕмы’хсӕн.
12Уыдон Дӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕндтӕ,
фӕлӕ ницы рауайдзӕн сӕ сау фӕндтӕй.
13Ды сӕм ныхъхъавдзынӕ Дӕ фатӕй,
ӕмӕ лидзӕг фӕуыдзысты.
14О Дунедарӕг,
Де стыр хъомыс сӕм равдис!
Мах зардзыстӕм
ӕмӕ кад кӕндзыстӕм Дӕ хъомысӕн!
Copyright information for
OssIBT2022