Psalms 21
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Сӕуӕхсид»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2Мӕ Хуыцау! Мӕ Хуыцау!Цӕмӕн мӕ ныууагътай?
Куыд дард дӕ мӕнӕй,
куыннӕ мӕ фервӕзын кӕныс,
куыннӕ Дӕм хъуысы мӕ дзыназын?
3Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй,
фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс;
ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын,
фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.
4Уаз дӕ Ды,
Израилы кады зарджыты астӕу
Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.
5Нӕ фыдӕлтӕ сӕ зӕрдӕ дардтой Дӕуыл,
ӕмӕ-иу сӕ Ды бахызтай бӕллӕхӕй.
6Дӕумӕ-иу дзынӕзтой
ӕмӕ-иу фервӕзтызты,
сӕхи дыл фӕдзӕхстой
ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.
7Ӕз та цыма адӕймаг нӕ,
фӕлӕ уаллон дӕн:
адӕмӕн — фидиссаг,
дзыллӕйӕн — ӕлгъаг.
8Чи мӕ уыны, уыдон мыл худынц,
сӕ сӕртӕ банкъусынц,
бахудынц былысчъилӕй:
9«Дунедарӕгыл дардта йӕ зӕрдӕ —
фервӕзын ӕй кӕнӕд ныр!
Кӕд Ын афтӕ адджын у,
уӕд ӕй Уый бахизӕд!»
10Ды мӕ райстай мӕ мады гуыбынӕй,
хъахъхъӕдтай мӕ, хъӕбысы ма куы уыдтӕн, уӕд.
11Мӕ райгуырынӕй Дӕуыл фӕдзӕхст дӕн,
мады гуыбыны ма куы уыдтӕн,
уӕдӕй фӕстӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ.
12Ма адард у мӕнӕй, —
мӕ хъизӕмары бон ӕрӕввахс,
ӕххуысгӕнӕг та нӕй.
13Галты рӕгъау ӕртыхсти мӕ алыварс,
Башаны хӕрзхаст галтӕ мыл
ӕрхъула кодтой.
14Ныххӕлиу мӕм кодтой сӕ дзыхтӕ,
йӕ амӕттаджы аскъуыдтӕ кӕнынмӕ
цӕттӕ ӕмӕ рыхӕг домбайау.
15Чи ӕркалди, уыцы донӕй уӕлдай нал дӕн,
ме стджытӕ кӕрӕдзиуыл нал хӕцынц,
мӕ зӕрдӕ мыдадзау батади мӕ риуы.
16Хус ӕлыгау баруади мӕ хъару,
ме’взаг мӕ комарынгыл баныхӕст, —
мӕрдон сыджыты мӕ нывӕрдтай Ды.
17Ӕрхъула мыл кодтой куыйтӕ,
знӕт ӕрдонг мӕ алыварс ӕртыхсти,
ныррӕхуыстой мын мӕ къӕхтӕ ӕмӕ мӕ къухтӕ.
18Царм ӕмӕ стджытӕ фестадтӕн.
Уыдон та мӕм кӕсынц
ӕмӕ мыл сӕхи ирхӕфсынц.
19Мӕ дарӕс мын се’хсӕн уарынц,
мӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ’ппарынц.
20О Дунедарӕг, ма адард у мӕнӕй!
Ды — мӕ хъару,
ӕххуысмӕ мӕм фӕтагъд кӕн!
21Мӕ уд мын бахиз кардӕй,
мӕ цард мын бахъахъхъӕн куыйтӕй.
22Домбайы комӕй,
хъӕддаг галты сыкъатӕй мӕ
фервӕзын кӕн!
23Ӕз Дын Дӕ ном
фехъусын кӕндзынӕн ме’фсымӕртӕн,
Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн адӕмы’хсӕн:
24«Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдон,
скад Ын кӕнут!
Сыстаут Ӕй, Йаковы фӕдонтӕ!
Аргъуыц кӕнут Йӕ разы,
Израилы байзӕддӕгтӕ, —
25Уый ӕнӕввӕрсон нӕ уыди мӕгуырыл,
ӕлгъгӕнгӕ нӕ касти
ӕфхӕрд адӕймаджы хъизӕмармӕ,
Йӕхи йыл нӕ атигъ кодта;
Йӕ цӕсгом дзы нӕ бамбӕхста;
ӕххуысмӕ Йӕм куы дзынӕзта,
уӕд ӕй фехъуыста».
26Стыр ӕмбырды ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй,
чи Дӕ тӕрсы, уыдоны раз
сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ сомытӕ.
27Мӕгуыртӕ хӕрдзысты ӕмӕ бафсӕддзысты;
Дунедарӕджы чи агуры,
уыдон Ӕй скадджын кӕндзысты!
Цардӕгас уӕнт уӕ зӕрдӕтӕ ӕнустӕм!
28Ӕрымысдзысты Дунедарӕджы
ӕмӕ Йӕм раздӕхдзысты
зӕххы алы кӕрӕттӕй;
Дӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты
муртаттӕгты ӕппӕт знӕмтӕ,
29уымӕн ӕмӕ паддзахы бартӕ
Дунедарӕджы къухы сты,
адӕмтыл Йӕ бар цӕуы.
30Хӕрдзысты ӕмӕ Йын кад кӕндзысты
ӕппӕт зӕххы цардӕфсӕст бонджынтӕ;
ӕрзоныг кӕндзысты Йӕ разы,
сыджытмӕ чи цӕуы,
йӕ удыл хӕцыны хъару кӕмӕ нӕй,
уыдон се’ппӕт дӕр.
31Фӕстагӕттӕ йын лӕггад кӕндзысты
ӕмӕ Дунедарӕджы адӕмы ном хӕсдзысты мыггагмӕ.
32Дунемӕ чи фӕзына,
уыцы адӕмӕн ракӕндзысты
Йӕ рӕстады, Йӕ хъуыддӕгты кой.
Copyright information for
OssIBT2022