Psalms 22
1Давиды псалом.Дунедарӕг — мӕ Фыййау,ӕз ницы цух уыдзынӕн:
2Хизы мӕ сойджын сӕрвӕтты,
хоны мӕ сабыр цӕугӕдӕттӕм.
3Фӕфидар мын кӕны мӕ уд,
раст фӕндагыл мӕ аразы
Йӕ номы сӕраппонд.
4Мӕлӕты талынг дӕлвӕзы куы цӕуон,
уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн фыдбылызӕй,
уымӕн ӕмӕ Ды мемӕ дӕ;
Дӕ фыййаулӕдзӕг мӕ басабыр кӕны.
5Ме знӕгтӕн сӕ цӕстыты раз мын
фынг ӕрӕвӕрдтай,
мӕ сӕр мын оливӕйы сойӕ байсӕрстай:
мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй.
6Цалынмӕ удӕгас дӕн,
уӕдмӕ Дӕ фарн ӕмӕ Дӕ хорзӕх мемӕ уӕнт,
ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ арвитдзынӕн
Дунедарӕджы хӕдзары.
Copyright information for
OssIBT2022