‏ Psalms 24

1Давиды псалом.

Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.
2Мӕ Хуыцау! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ,
уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон,
ма мыл фӕуӕлахиз уой ме знӕгтӕ.
3Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдон нӕ фӕхудинаг уыдзысты;
гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон
ӕгады бынаты баззайдзысты.
4Бацамон мын Дӕ фӕндӕгтӕ,
сахуыр мӕ кӕн Дӕ цӕуӕнтыл.
5Сараз мӕ Дӕ раст фӕндагыл
ӕмӕ мӕ сахуыр кӕн,
уымӕн ӕмӕ Ды дӕ,
ирвӕзындзинад мын Чи радта,
уыцы Хуыцау, ӕмӕ ӕрвылбон
мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл.
6Ӕрхъуыды-ма кӕн Дӕ хорзӕхтӕ,
Де’нусон хӕлардзинад.
7Ме’взонг бонты тӕригъӕдтӕ мын ма мыс,
ӕрымыс мӕ Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ —
Дӕ уарзты сӕраппонд, Дунедарӕг.

8Дунедарӕг уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг у,
тӕригъӕдджынты раст фӕндагыл аразы,
9мӕгуырты раст фӕндагмӕ здахы,
Йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сӕ ахуыр кӕны.
10Дунедарӕджы цӕуӕнтӕ —
уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад,
Йӕ фидыд ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытыл Ын
фидар чи хӕцы, уыдонӕн.
11Дунедарӕг, Дӕ номы сӕраппонд мын
мӕ тӕригъӕд ныббар,
кӕд цыфӕнды стыр у, уӕддӕр!
12Хуыцау, чи Дзы тӕрсы,
уыцы адӕймагӕн бацамондзӕн,
цавӕр фӕндаг ӕй равзарын хъӕуы, уый.
13Амондджынӕй цӕрдзӕн,
йӕ байзӕддӕгтӕ зӕхх исбонӕн райсдзысты.
14Дунедарӕгӕй чи тӕрсы,
уыдонӕн раргом кӕны сусӕгдзинад,
Йӕ фидыд сын фехъусын кӕны.
15Ӕдзух мӕ цӕстӕнгас
Дунедарӕгмӕ арӕзт у —
мӕ къӕхтӕ мын Уый
феуӕгъд кӕны къӕппӕгӕй.
16Ӕркӕс мӕм, ныххатыр мын кӕн —
ӕз иунӕг ӕмӕ ссӕст дӕн.
17Мӕ хъизӕмӕрттӕй мӕ фервӕзын кӕн,
уынгӕг ранӕй мӕ ракӕн.
18Ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ, мӕ удхармӕ,
ныххатыр мын кӕн мӕ тӕригъӕдтӕ.
19Ӕркӕс-ма, цас знӕгтӕ мын ис,
куыд ӕнӕуынон сын дӕн, уымӕ.
20Мӕ цард мын бахъахъхъӕн,
фервӕзын мӕ кӕн,
уадз ӕмӕ, мӕ зӕрдӕ Дӕуыл кӕй дардтон,
уый тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй ма баззайон.
21Дӕ рӕстдзинад,
Дӕ сыгъдӕгдзинад мӕ хъахъхъӕнӕд,
уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарын.
22Хуыцау, Израилы
йе’ппӕт фыдбылызтӕй фервӕзын кӕн.
Copyright information for OssIBT2022