Psalms 25
1Давиды псалом.О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс, —мӕ цардвӕндаг ӕнӕкъӕм уыди Дӕ разы.
Ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ
ӕмӕ никуы фӕцуддзынӕн.
2О Дунедарӕг, бафӕлвар мӕ,
мӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ мын басгар!
3Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр,
ӕмӕ цӕрын Де’цӕгадмӕ гӕсгӕ.
4Ӕз сайӕгойтимӕ
ӕмдзӕхдон никуы уыдзынӕн,
мӕнгӕрдтимӕ иу фӕндагыл нӕ ацӕудзынӕн.
5Ӕнӕуынон мын у фыдгӕнджыты ӕмбырд,
ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не’рбаддзынӕн.
6Ӕназымы нысанӕн-иу
ӕрӕхсдзынӕн мӕ къухтӕ,
Дӕ нывондхӕссӕны алыварс-иу
ӕрзилдзынӕн, о Дунедарӕг.
7Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй,
Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.
8О Дунедарӕг!
Ӕз бауарзтон Дӕ хӕдзар,
Дӕ кады цӕрӕн!
9Ма мӕ фесаф тӕригъӕдджынтимӕ,
тугмондаг чи у, уыдонимӕ!
10Сӕ къухтӕ сты фыдракӕндтӕм ӕмхиц,
сӕ рахиз къухтӕ — йемыдзаг гӕртӕмттӕй.
11Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, —
батӕригъӕд мын кӕн,
фыдбылызӕй мӕ бахиз!
12Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ,
ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!
Copyright information for
OssIBT2022