‏ Psalms 26

1Давиды псалом.

Дунедарӕг — мӕ царды рухс, мӕ ирвӕзынгӕнӕг:
кӕмӕй мын у тас?
Дунедарӕг — мӕ царды мӕсыг:
кӕй тӕссӕй хъуамӕ нырризон?
2Фыдгӕнджытӕ мӕ ныхмӕ куы рацӕуой
мӕ буар мын аныхъуырын мондагӕй,
мӕ фыдгултӕ, ме знӕгтӕ мӕм куы лӕбурой,
уӕд фӕкӕлдзысты ӕмӕ’рхаудзысты.
3Ӕнӕхъӕн ӕфсад куы’рлӕууа мӕ ныхмӕ,
уӕд дӕр нӕ фӕтӕрсдзынӕн.
Хӕст куы райдайа,
уӕд дӕр мӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.
4Ӕрмӕстдӕр иу хорзӕх Дунедарӕгӕй курын,
иунӕг фӕндон мӕм ис:
мӕ царды бонтӕ куы арвитин
Дунедарӕджы хӕдзары,
цӕмӕй Дунедарӕджы рӕсугъддзинад уынон,
Йӕ рухс Кувӕндонмӕ Йын цӕуон.
5Дунедарӕг мӕ бӕллӕхы заман
бамбӕхсдзӕни Йӕ цӕрӕны,
бааууон кӕндзӕни Йӕ Цатыры,
сисдзӕни мӕ къӕдзӕхы сӕрмӕ.
6Уӕд ӕз фӕуӕлахиз уыдзынӕн,
чи мыл ӕртыхсти, уыцы фыдгултыл
ӕмӕ Дунедарӕджы Цатыры
ӕрхӕсдзынӕн нывӕндтӕ,
стаудзынӕн Ӕй, зардзынӕн Йӕ кадӕн.

7О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ дзыназын,
батӕригъӕд кӕн, дзуапп мын ратт!
8Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст:
«Ме ссарынмӕ тырнут!»
Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ,
о Дунедарӕг!
9Де’ргом мӕ ма аздах!
Фыдӕхы хӕрам ма фӕу дӕ цагъармӕ.
Ды уыдтӕ ме’ххуысгӕнӕг
ӕмӕ мыл ныр дӕр Дӕхи ма атигъ кӕн,
ма мӕ ныууадз,
о Хуыцау, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!
10Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад мӕ ныууагътой,
фӕлӕ мӕ Ды, Дунедарӕг,
Дӕхимӕ’рбахӕстӕг кӕндзынӕ.
11О Дунедарӕг,
сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын!
Раст фӕндагыл мӕ сараз —
мӕ фыдгулты фыдӕнӕн!
12Ме знӕгты амӕттаг мӕ ма фӕкӕн!
Мӕнгӕвдисӕнтӕ ралӕууыдысты мӕ ныхмӕ,
фыр мӕстӕй цъӕх арт уадзынц.
13Фӕлӕ мӕн уырны,
уӕлӕуыл ма кӕй цӕрдзынӕн,
Дунедарӕджы хорзӕх ма кӕй фендзынӕн.

14Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар!
Фидар лӕуу, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ мацӕмӕ’хсайӕд!
Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар!
Copyright information for OssIBT2022