Psalms 27
1Давиды псалом.Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх!Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз!
Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай,
уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.
2Куы Дӕм дзыназон,
мӕ къухтӕ-иу Дӕ рухс Кувӕндонмӕ куы сивазон,
уӕд-иу мын айс мӕ куывд!
3Ма мӕ фесаф ӕнӕхуыцӕуттимӕ,
фыдбылызтӕ чи аразы,
йӕ хионимӕ хӕларӕй чи дзуры,
йӕхимидӕг та фыдвӕндтӕ чи тауы, уыдонимӕ.
4Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид;
сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой,
цӕй аккаг сты, уый сын ратт.
5Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ,
Йе’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц.
Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн,
сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.
6Арфӕгонд у Дунедарӕг —
Уый мын фехъуыста мӕ куывд.
7Дунедарӕг — мӕ хъару, мӕ уарт;
мӕ зӕрдӕ дардтон Ууыл,
ӕмӕ мын баххуыс кодта.
Райы мӕ зӕрдӕ фыр цинӕй,
мӕ зарӕгӕй Йӕ скадджын кӕндзынӕн.
8Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару,
Йӕ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг,
йӕ ирвӕзынӕнӕг.
9О Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы,
арфӕ ракӕн Дӕ исбонӕн,
хиз ӕмӕ сӕ хъахъхъӕн мыггагмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022