‏ Psalms 28

1Давиды псалом.

Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ,
Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!
2Скад кӕнут Дунедарӕджы номӕн,
Дунедарӕгӕн бакувут
Йӕ диссаджы рӕсугъд Кувӕндоны!
3Дунедарӕджы хъӕлӕс
денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд,
цытджын Хуыцау ныннӕрыди,
Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта
дӕтты сӕрмӕ.
4Дунедарӕджы хъӕлӕс — хъомысджын,
Дунедарӕджы хъӕлӕс — стыр диссаг.
5Дунедарӕджы хъӕлӕс кедртӕ акалы,
ливайнаг кедртӕ афӕлдахы Дунедарӕг.
6Ливаны хӕхтӕ фесхъиуынц уӕныгау,
Сирионы хӕхтӕ — ӕвзонг дзӕбидыртау.
7Дунедарӕджы хъӕлӕс
арты цӕхӕртӕ рацӕгъды.
8Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй
ӕдзӕрӕг быдыр нынкъуысыд,
сӕнкъуысти ӕдзӕрӕг быдыр Кадеш.
9Дунедарӕджы хъӕлӕсӕй
тулдз бӕлӕстӕ ӕртасынц,
сбӕгънӕг вӕййынц хъӕдтӕ;
Йӕ Кувӕндонӕй хъуысы: «Кад Дын уӕд!»
10Дунедарӕг доны хъаймӕты заман
Йӕ паддзахы бадӕны бадти,
Дунедарӕг ӕнусмӕ дӕр
Йӕ паддзахы бадӕны баддзӕнис.
11Дунедарӕг ратдзӕни тых Йӕ адӕмӕн,
Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн
фарн балӕвар кӕндзӕн.
Copyright information for OssIBT2022