‏ Psalms 29

1Давиды псалом. Зарӕг Кувӕндон срухс кӕныны бон.

2Стауын Дӕ, Дунедарӕг —
ингӕнӕй мӕ сластай,
ме знӕгты мыл уӕлахиз кӕнын нӕ бауагътай.
3Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Скуывтон Дӕм,
ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кодтай.
4Мӕ уд мын ракодтай мӕрдтыбӕстӕй,
райгас мӕ кодтай,
ингӕнмӕ куыннӕ ныххизон, афтӕ.

5Зарут Дунедарӕгӕн, Йӕ иузӕрдионтӕ,
сыстаут Ын Йӕ уаз ном,
6уымӕн ӕмӕ иу уысм ахӕссы Йӕ маст,
Йӕ хорзӕх та — цӕрӕнбонты.
Изӕрыгон райхъуысы кӕуын,
райсомӕй та циндзинад фӕзыны.

7Ӕнӕмӕтӕй куы цардтӕн, уӕд дзырдтон:
«Ӕз никуы фӕкӕлдзынӕн».
8Дунедарӕг, Дӕ хӕрзаудӕн мыл ӕмбӕлди,
ӕмӕ мӕ Ды сфидар кодтай хохау.
Фӕлӕ мӕ ныр Де’ргом аздӕхтай,
ӕмӕ мыл катай бахӕцыд.
9Дзынӕзтон Дӕм, о Дунедарӕг,
лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕгӕн:
10«Цы пайда ис мӕ мӕлӕтӕй,
ингӕнмӕ кӕй бацӕудзынӕн, уымӕй?
Зӕххы рыг Дын скад кӕндзӕни?
Дӕ иузӕрдионы кой ракӕндзӕни?
11Дунедарӕг, фехъус мӕ, ныббар мын!
Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг!»
12Ӕмӕ мын Ды мӕ хъыг раивтай цинӕй,
мӕ сӕхъис мын раластай
ӕмӕ мыл бӕрӕгбоны дарӕс скодтай.
13Ӕнӕрӕнцойӕ Дӕ стаудзӕни мӕ зӕрдӕ.
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
Стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ.
Copyright information for OssIBT2022