Psalms 30
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи —нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн мыггагмӕ!
Равдис Дӕ рӕстдзинад,
фервӕзын мӕ кӕн!
3Дӕ хъус мӕм ӕрдар
ӕмӕ мӕм ӕххуысмӕ фӕтагъд кӕн.
Фест мӕ къӕдзӕх, мӕ хъахъхъӕнӕг мӕсыг,
мӕ ирвӕзынгӕнӕг.
4Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар гӕнах,
размӕ мӕ кӕн Дӕ номы сӕраппонд,
раст фӕндагыл мӕ сараз.
5Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой —
фервӕзын мӕ кӕн!
Ды — мӕ фидар мӕсыг.
6Дӕ къухмӕ Дын дӕттын мӕ уд.
О Дунедарӕг, иузӕрдион Хуыцау,
фервӕзын мӕ кӕн!
7Мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ мын
сты ӕнӕуынон,
ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ.
8Цин кӕндзынӕн Дӕ хорзӕхыл,
уымӕн ӕмӕ мын Ды ӕркастӕ мӕ бӕллӕхмӕ,
базыдтай мын мӕ зындзинад.
9Знаджы къухтӕм мӕ нӕ радтай,
слӕууын мӕ кодтай мӕ къӕхтыл,
уынгӕг ранӕй мӕ ракодтай.
10Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг —
уынгӕджы бон мыл акодта,
фыр хъизӕмарӕй мӕ цӕстытӕ дудынц,
судзынц мӕ уд ӕмӕ мӕ буар.
11Фыр удхарӕй баруадтӕн,
мӕ азтӕ дзыназгӕйӕ ӕрвитын,
мӕ тӕригъӕдтӕй басасти мӕ хъару,
бахус сты ме стджытӕ.
12Ме знӕгтӕ мӕ хынджылӕг кӕнынц,
суанг мыл мӕ сыхӕгтӕ дӕр худынц.
Ме’рдхӕрдтыл мӕ уындӕй тас бахӕцы,
куы мӕ ауынынц, уӕд лидзӕг фӕвӕййынц.
13Мардау ферох дӕн алкӕмӕй,
саст дурынау сдӕн;
14алырдыгӕй дам-думтӕ хъусын.
Мӕ алыварс — тас,
адӕм мӕ ныхмӕ сарӕзтой фыдвӕнд,
амарынмӕ мӕ хъавынц.
15Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын Дӕуыл, Дунедарӕг!
Ӕз зӕгъын: «Ды мӕ Хуыцау дӕ».
16Мӕ цард Дӕ къухы ис,
фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгтӕй,
мӕ фӕдылзилджытӕй.
17Дӕ цагъармӕ рухс цӕстӕй ракӕс,
фервӕзын мӕ кӕн Дӕ хорзӕхы фӕрцы.
18Дунедарӕг, Дӕумӕ кӕй сидын,
уый тыххӕй, уадз, ӕгады бынаты ма баззайон!
Ӕнӕхуыцӕуттӕ фӕхудинаг уӕнт,
мӕрдтыбӕсты ныхъхъус уӕнт!
19Багомыг уӕнт мӕнгӕвзӕгтӕ,
рӕстгӕнӕгыл сӕрбӕрзондӕй, ӕлгъгӕнгӕйӕ,
цъыф чи калы, уыдон.
20Чи Дӕ тӕрсы,
Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдонӕн цас ӕмӕ цас хӕрзтӕ балӕвар кӕныс
ӕппӕт адӕмы раз!
21Дӕ базыры бын сӕ хъахъхъӕныс
адӕмы фыдӕхӕй,
алы даутӕй сӕ бахизыс.
22Арфӕйаг у Дунедарӕг —
знӕгтӕ цы сахарыл ӕртыхстысты,
уым мын Йӕ диссаджы хорзӕх
балӕвар кодта!
23Ӕз мӕ фыр тыхстӕй ахъуыды кодтон:
«Атигъ мыл кодтай Дӕхи».
Фӕлӕ Дӕм куы скуывтон,
уӕд мын Ды фехъуыстай мӕ лӕгъстӕ.
24Уарзут Дунедарӕджы,
Йе’ппӕт рӕстудтӕ.
Дунедарӕг иузӕрдионты хъахъхъӕны,
сӕрыстырты та бафхӕры дывӕрӕй.
25Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон,
фидар ут, ма асӕттӕд уӕ ныфс!
Copyright information for
OssIBT2022