Psalms 34
1Давиды псалом.О Дунедарӕг, тӕрхон мын чи кӕны,уыдонӕн стӕрхон кӕн;
мемӕ чи хӕцы,
уыдонимӕ рахӕц!
2Дӕ уарт ӕмӕ Де згъӕрдарӕс райс
ӕмӕ мӕ фарсмӕ’рбалӕуу!
3Слас Дӕ кард ӕмӕ ӕрлӕуу
мӕ фӕдылзилджыты ныхмӕ!
Зӕгъ мӕ удӕн:
«Ӕз дӕ ирвӕзынгӕнӕг дӕн!»
4Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт,
марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон.
Ӕгады здӕхт акӕнӕнт фӕстӕмӕ
мӕ ныхмӕ фыдвӕнд ӕрымысджытӕ!
5Дымгӕ кӕй ныффӕйлауы,
уыцы зыгуымау суӕнт,
Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕсурӕд!
6Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг,
Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!
7Мӕ сӕрӕн ницы зонын,
афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой;
ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.
8Ӕнӕнхъӕлӕджы се сӕфт ӕрцӕуӕд,
сӕ ахсӕн хызы бахауӕнт сӕхӕдӕг
ӕмӕ се сӕфт ссарӕнт!
9Мӕнӕн та мӕ уд цин кӕндзӕни Дунедарӕгыл,
ныццин кӕндзӕн Йӕ ирвӕзындзинадыл!
10Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты:
«О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис?
Дӕуау кӕй бон суыдзӕн
ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын,
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы
стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»
11Тӕрхоны раз мӕ ныхмӕ ралӕууыдысты
ӕгъатыр мӕнгӕвдисӕнтӕ,
цы нӕ зонын, уыдӕттӕй мӕ фӕрсынц.
12Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй,
мӕ амарыныл архайынц.
13Сӕ рынчыны заман-иу
скодтон сӕхъис ӕмӕ ком дардтон.
Дунедарӕгӕн ӕхцон фӕуӕд мӕ куывд!
14Раст цыма мӕ лымӕнтӕ, ме’фсымӕртӕ уыдысты,
уыйау-иу сӕ бабӕрӕг кодтон,
мӕ мады мӕлӕтыл кӕуӕгау сыл-иу бахъынцъым кодтон.
15Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты
ӕмӕ фыр цинӕй райынц,
ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл.
Нӕ йӕ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц
ацы фидисгӕнджытӕ,
иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!
16Хынджылӕг мӕ кодтой ӕнаккӕгтау,
сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цыди.
17Дунедарӕг, кӕдмӕ сӕм афтӕ кӕсдзынӕ?
Сӕ фыдвӕндтӕй мӕ фервӕзын кӕн,
мӕ иунӕджы уд мын домбӕйтты дзыхӕй байс!
18Ӕгас дзыллӕйы раз Дын скад кӕндзынӕн,
ӕппӕт адӕмы раз Дӕ стаудзынӕн.
19Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы,
уыдоны мыл ма бауадз худын,
кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!
20Фидыды кой сӕм нӕй,
зӕххыл сабырӕй чи цӕры,
уыдоны ныхмӕ аразынц фыдвӕндтӕ.
21Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, дзурынц:
«Ӕ-гъа! Уый дын нӕхи цӕстӕй кӕй федтам!»
22Дунедарӕг! Ды адӕттӕ иууылдӕр уыныс
ӕмӕ Дӕхи ма ныхъхъус кӕн!
Ма мӕ ныууадз!
23Мӕ фыдгултыл Дӕхи ныххуырс,
тӕрхоны раз мӕ сӕрыл рахӕц!
Мӕ хъаст мын равзар,
о мӕ Хуыцау, Дунедарӕг!
24Дӕ рӕстаг тӕрхон мын саккаг кӕн,
о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
цӕмӕй мыл ма ферайой!
25Уадз, ма зӕгъой сӕхинымӕр:
«Ӕ-гъа! Нӕ фӕндиаг фӕци!»
Уадз, ма дзурой сӕхинымӕр: «Аныхъуырдтам ӕй!»
26Уадз ӕмӕ, мӕ бӕллӕх йӕ цины сӕр кӕмӕн у,
уыдон иууылдӕр фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад уой!
Йӕхи мӕнӕй уӕлдӕр чи ӕвӕры,
уыдоныл худинаджы, ӕгады гакк сбадӕд!
27Хорз мын кӕй цӕст уарзы,
уыдон та иудадзыг цинхъӕр кӕнӕнт:
«Цытджын у Дунедарӕг,
Йӕ цагъарӕн фарн Кӕй зӕрдӕ зӕгъы!»
28Ӕз дзыллӕйӕн Дӕ рӕстады кой кӕндзынӕн,
ӕрвылбон Дӕ стаудзынӕн сӕ разы!
Copyright information for
OssIBT2022