Psalms 35
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды конд. 2Ӕнӕхуыцауӕн адджын у тӕригъӕд,Хуыцауы тас ӕм нымады дӕр нӕу.
3Ныббуц вӕййы йӕхицӕй,
цыма йӕ азым базыдта
ӕмӕ дзы йе сӕфт федта, уыйау.
4Йӕ ныхӕстӕ — хинӕйдзаг ӕмӕ мӕнг;
нӕдӕр уӕлзондмӕ тырны,
нӕдӕр — хорздзинад ракӕнынмӕ.
5Суанг йӕ хуыссӕны дӕр аразы фыдвӕндтӕ.
6О Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх хӕццӕ кӕны уӕлӕрвтӕм,
Дӕ иузӕрдиондзинад — ӕврӕгъты онг!
7Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд,
Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау!
Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг!
8О Хуыцау, Дӕ хорзӕхӕн аргъ нӕй!
Дӕ базыры бын бакодтай адӕмы,
9Дӕ хойрагӕй сӕ’фсадыс,
сӕ дойны сын сӕттыс
Дӕ цины цӕугӕдӕттӕй.
10Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ царды суадон,
Дӕ рухсы мах уынӕм рухс.
11Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн,
чи Дӕ зоны, уыдоны,
Дӕ рӕстады фарнӕй
схайджын кӕн рӕстзӕрдӕты!
12Уадз, сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕнда,
фыдлӕгты къух мӕ, уадз, ма фӕсура.
13Фӕкалдысты фыдгӕнджытӕ:
афӕлдӕхтой сӕ — нал сын бантысдзӕни сыстын.
Copyright information for
OssIBT2022