Psalms 36
1Давиды псалом.Фыдгӕнджытӕм ма бабӕлл,ӕнаккӕгтӕм ма хӕлӕг кӕн, —
2уыдон рӕхджы бахус уыдзысты кӕрдӕгау,
баруайдзысты зайӕгхалау.
3Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар
ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз;
цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.
4Дунедарӕгмӕ удӕнцой агур,
ӕмӕ дын Уый сӕххӕст кӕндзӕн
дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.
5Дӕ царды фӕндаг Дунедарӕджы бар бакӕн,
дӕ зӕрдӕ Йыл дар, ӕмӕ дын Уый
дӕ алы хъуыддаг дӕр сараздзӕн:
6сӕуӕхсидау сӕрттивдзӕни дӕ рӕстад,
бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ скалдзӕни дӕ рӕстдзинад.
7Ӕдзӕмӕй ӕрлӕуу Дунедарӕджы раз,
дӕ зӕрдӕ Йыл дар.
Йӕ царды бирӕ кӕмӕн ӕнтысы,
уыцы фӕлитойтӕм ма хӕлӕг кӕн!
8Мауал мӕсты кӕн,
дӕ масты цӕхӕртӕ мауал кал!
Ма хӕлӕг кӕн —
фыддӕр истӕмӕ дын ма расайа!
9Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты,
Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары,
уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.
10Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ ӕнӕхуыцӕуттӕн
сӕ хъӕр, сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн,
сӕ фӕд дӕр сын нал ауындзынӕ.
11Сӕрныллӕгтӕн та
зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон,
бафсӕддзысты фарнӕй.
12Ӕнӕхуыцау рӕстгӕнӕджы ныхмӕ
аразы фыдвӕндтӕ,
йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ӕм цӕуы,
13фӕлӕ йыл Дунедарӕг худы,
уымӕн ӕмӕ уыны:
йӕ царды фӕстаг бон ӕрӕввахс.
14Ӕнӕхуыцӕуттӕ сласынц сӕ кӕрдтӕ,
айвазынц се’рдынтӕ,
цӕмӕй сӕ фыдӕх ныххуырсой
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккыл,
раст фӕндагыл чи цӕуы, уыдоны амарой.
15Фӕлӕ сын сӕ кард
сӕхи зӕрдӕтӕ барӕхойдзӕн,
се’рдынтӕ та ныссӕтдзысты.
16Раст лӕджы чысыл мулк
бирӕ’нӕхуыцӕутты хъӕздыгдзинӕдтӕй — хуыздӕр.
17Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты хъомыс басӕтдзӕн,
рӕстудтӕн та хъару ратдзӕни.
18Дунедарӕг сыгъдӕгзӕрдӕты цард уыны,
ӕмӕ сӕ исбон нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ.
19Фыд рӕстӕджы нӕ фегад уыдзысты,
ӕххормаг заманы уыдзысты ӕфсӕст.
20Ӕнӕхуыцӕуттӕ та фесӕфдзысты,
Дунедарӕджы знӕгтӕ ӕрбайсӕфдзысты
уыгӕрдӕны кӕрдӕгау,
фӕцыдӕр уыдзысты фӕздӕгау.
21Ӕнӕхуыцау ӕфстау райсы,
фӕлӕ йӕ нал ратты фӕстӕмӕ,
рӕстгӕнӕг та ӕфстау дӕтты рӕдауӕй.
22Зӕхх бауыдзӕн,
Хуыцау арфӕ кӕмӕн ракодта, уыдоны исбон,
кӕй ралгъыста, уыдон та бабын уыдзысты.
23Рӕстуды къахдзӕфтӕ Дунедарӕг скӕны ӕнӕфӕцудгӕ,
йӕ фӕндагыл ын ауды.
24Куы фӕкӕла, уӕд дӕр не’рхаудзӕн:
Дунедарӕг ын йӕ къухыл хӕцы.
25Уыдтӕн ӕвзонг, зӕронд дӕр бадӕн,
фӕлӕ никуыма федтон,
ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнӕджы ныууадза,
кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕ къӕбӕргур зилой.
26Рӕстгӕнӕг ӕрвылбон ӕфстау дӕтты рӕдауӕй,
йӕ байзӕддӕгтӕ арфӕгонд уыдзысты.
27Фыддзинадӕй дӕхи хиз,
хорз хъуыддӕгтӕ араз
ӕмӕ цӕрдзынӕ мыггагмӕ.
28Дунедарӕг раст тӕрхон уарзы
ӕмӕ дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕни
Йӕ иузӕрдионты,
ӕнусмӕ сыл ауддзӕн,
ӕнӕхуыцӕуттӕн та фесӕфдзӕни сӕ мыггаг.
29Зӕхх бауыдзӕн рӕстгӕнджыты исбон,
ӕмӕ йыл цӕрдзысты мыггагмӕ.
30Рӕстгӕнӕджы дзыхӕй
куырыхон ныхас рацӕуы,
йе’взаг дзуры рӕстдзинад.
31Хуыцауы’Гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст ис,
ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.
32Ӕнӕхуыцау зилы рӕстгӕнӕджы фӕдыл,
йӕ амарыныл архайы,
33фӕлӕ йын ӕй Дунедарӕг
йӕ къухтӕм нӕ ратдзӕн,
тӕрхоны раз ӕй фӕзылынджын кӕнын
нӕ бауадздзӕн.
34Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар,
Йӕ фӕндагыл цу,
ӕмӕ дӕ Уый сбӕрзонд кӕндзӕн,
зӕхх бауыдзӕни дӕ исбон.
Ӕмӕ уӕд фендзынӕ,
ӕнӕхуыцӕуттӕн се сӕфт куыд ралӕудзӕн, уый.
35Ӕз федтон ӕнӕхуыцау фыдгӕнӕджы
бирӕкъабузджын бӕласау йӕхи айтындзгӕ,
36фӕлӕ аивгъуыдта ӕмӕ нал ис,
агуырдтон ма йӕ, фӕлӕ йӕ нал ссардтон.
37Бакӕс-ма сыгъдӕгзӕрдӕмӕ, рӕстудмӕ:
сабырӕй чи цӕры, уымӕн ис фидӕн,
38фыдгӕнджытӕ та иууылдӕр бабын уыдзысты,
ӕнӕхуыцӕуттӕн фидӕн нӕй.
39Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн рӕстудты,
бӕллӕхы заман сӕ Йӕ базыры бын бакӕндзӕн.
40Дунедарӕг сын баххуыс кӕндзӕн
ӕмӕ сӕ бахиздзӕн,
ӕнӕхуыцӕуттӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн,
уымӕн ӕмӕ Ууыл дарынц сӕ зӕрдӕ.
Copyright information for
OssIBT2022