‏ Psalms 37

1Давиды псалом. Зӕрдыл дарынӕн.

2Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн,
Дӕ карзӕй мӕ ма’фхӕр.
3Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары,
ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.
4Дӕ азарӕй мӕ буарыл
ӕгас бынат нал баззад;
мӕ тӕригъӕдты фыдӕй
ме стджыты рыст нал ӕнцайы.
5Мӕ тӕригъӕдты аныгъуылдтӕн,
сӕ уаргъ сын хӕссын нал фӕразын.
6Ме’нӕзонды аххосӕй сысмаг сты,
хӕф кӕнынц мӕ цӕфтӕ.
7Ныггуыбыр дӕн, ӕрлӕмӕгъ дӕн бынтондӕр,
хъынцъымгӕнгӕйӕ арвитын мӕ бон.
8Мӕ фӕрстӕ низӕй судзынц,
ӕгас бынат нал ис мӕ буары.
9Бастадтӕн, басасти мӕ хъару,
зӕрдӕрыстӕй ныхъхъӕр кӕнын.
10О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ,
мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.
11Мӕ зӕрдӕ ризы, батади мӕ хъару,
мӕ цӕсты рухс мынӕг кӕны.
12Мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ лымӕнтӕ
иуварс лидзынц мӕ низӕй,
мӕ хиуӕттӕ мӕм нал цӕуынц хӕстӕг.
13Мӕн амарынмӕ чи бӕллы,
уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой.
Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ’лгъитынц,
бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.
14Фӕлӕ ӕз ницы хъусын къуырмайау,
фӕлӕ ӕз ницы дзурын гобийау.
15Хъусӕй чи нӕ хъусы
ӕмӕ дзуапп раттын чи нӕ фӕразы,
уый хуызӕн сдӕн.
16Уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕг,
Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ;
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
Ды мын дзуапп ратдзынӕ ӕнӕмӕнг.
17Кувын ӕз: «Куы фӕцудон, мыййаг,
уӕд мыл мӕ фыдгултӕ ма ферайӕнт,
сӕрбӕрзондӕй мыл ма худӕнт».
18Ӕрхауынӕввонг дӕн,
мӕ рыст мӕ уӕгъд нӕ уадзы.
19Мӕ азымыл сӕттын,
мӕ тӕригъӕдыл фӕсмонӕй мӕлын.
20Мӕ фыдгултӕ та фидар кӕнынц сӕ царды,
ӕнӕ’фсонӕй ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн,
уыдон сбирӕ сты.
21Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй,
хорздзинад ракӕнынмӕ
кӕй бӕллын, уымӕн.
22О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
ма мӕ ныууадз,
ма адард у мӕнӕй!
23Фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ,
о Дунедарӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!
Copyright information for OssIBT2022