‏ Psalms 38

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕг Йедутунӕн. Давиды псалом.

2Ӕз сфӕнд кодтон:
мӕ цӕст дардзынӕн мӕ фӕндӕгтӕм,
цӕмӕй ме’взагӕй тӕригъӕд ма ракӕнон;
мӕ дзыхыл цъутта сӕвӕрдзынӕн,
цалынмӕ ӕнӕхуыцау мӕ разы уа, уӕдмӕ.
3Ӕнӕсымӕй, ӕгомыгӕй лӕууыдтӕн,
суанг, хорз цы у, ууыл дӕр нӕ дзырдтон,
ӕмӕ мӕ рыстыл бафтыди.
4Мӕ зӕрдӕ сыгъди мӕ риуы,
мӕ хъуыдытӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ фестадысты,
ӕмӕ уӕд райдыдтон дзурын:
5«Раргом мын кӕн, Дунедарӕг,
кӕд уыдзӕни мӕ царды кӕрон,
цас ма мын ис цӕрӕнбон,
цас ахӕсдзӕн мӕ цард.
6Нымад бонтӕ мын ӕрбарстай,
мӕ цардӕмгъуыд ницы у Дӕ разы.
Ӕцӕг, адӕймагӕн йӕ цард
фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.
7Адӕймаг аууонау хилы,
дзӕгъӕлы у йӕ тухӕн,
ӕмбырд кӕны, фӕлӕ кӕмӕн, уый нӕ зоны.
8Ӕмӕ ма ныр цӕмӕ у мӕ каст, Дунедарӕг?
Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.
9Мӕ тӕригъӕдтӕй мӕ фервӕзын кӕн,
ӕдылытӕн мын мӕ сӕр хъазинаг ма фӕкӕн!
10Ӕз багомыг дӕн,
мӕ дзыхӕй ныхас нӕ хауы, —
цыдӕриддӕр ӕвзарын, уый — Дӕ фӕндонӕй.
11Дӕ азарӕй мӕ бахиз,
Дӕ къухы цӕфтӕй сӕфын ӕз.
12Йӕ азымы тыххӕй Ды
адӕймаджы бафхӕрыс,
зынаргъ ын цы у,
уый рӕмпӕг фестын кӕныс.
Адӕймаг фӕздӕгӕй уӕлдай нӕу.
13Дунедарӕг, айс мын мӕ куывд,
фехъус мын мӕ дзыназын,
мӕ цӕссыгтӕ мын ма ныууадз ӕнӕ дзуаппӕй.
Мӕ фыдӕлтау ӕз дӕр
ӕбар фӕндаггон, ӕрцӕуӕггаг дӕн Дӕ разы.
14Дӕ тызмӕг цӕстӕнгас мӕ аздах
ӕмӕ мын иу чысыл циндзинад ратт,
цалынмӕ нӕ аивгъуыдтон
ӕмӕ мӕ фӕд нӕ фесӕфти, уӕдмӕ».
Copyright information for OssIBT2022