‏ Psalms 39

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2Фидарӕй мӕ зӕрдӕ дардтон Дунедарӕгыл,
ӕмӕ мӕм Уый ӕркасти,
фехъуыста мын мӕ дзыназын.
3Мӕлӕты хъоргъӕй мӕ фервӕзын кодта,
цъымарайы астӕуӕй мӕ сласта;
сӕргъӕвта мӕ айнӕджы фахсмӕ,
мӕ къӕхтыл мӕ фидар слӕууын кодта.
4Мӕ комы мын бавӕрдта ног зарӕг —
кады зарӕг нӕ Хуыцауӕн.
Уый фенгӕйӕ, бирӕты тас бацӕудзӕн,
ӕмӕ Дунедарӕгӕй ныфс ӕвӕрдзысты.
5Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг,
йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары,
сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй
йӕхи чи хизы!

6Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!
Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ,
нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон!
Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис?
Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин,
фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?
7Дӕуӕн нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтӕ
фӕндон нӕ уыдысты,
иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ нӕ бацагуырдтай —
мӕ хъустӕ мын байгом кодтай хъусынӕн.
8Уӕд ӕз загътон:
«Мӕнӕ дӕн, ӕрбацыдтӕн.
Мӕн тыххӕй фыст ис Уаз Чиныджы.
9Мӕ Хуыцау! Мӕн фӕнды
сӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон,
Де’Гъдау мӕ зӕрдӕйы ис».
10Ӕз Дын раргом кодтон Дӕ рӕстад,
мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцыдтӕн Стыр ӕмбырды —
о Дунедарӕг, зоныс ӕй Дӕхӕдӕг!
11Дӕ рӕстдзинад нӕ бамбӕхстон
мӕ зӕрдӕйы арфы;
иузӕрдион ирвӕзынгӕнӕг кӕй дӕ,
уый фехъусын кодтон.
Нӕ басусӕг кодтон Стыр ӕмбырды
Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де’цӕгад.
12Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхӕй мӕ
ӕнӕхай ма фӕкӕн!
Дӕ хорзӕх ӕмӕ Де’цӕгад
иудадзыг хъахъхъӕнӕнт мӕн!
13Фыдбылызтӕ мыл ӕнӕнымӕцӕй ӕртыхстысты,
мӕ тӕригъӕдтӕ мӕ баййӕфтой
ӕмӕ мын сӕхгӕдтой мӕ цӕсты рухс:
мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты,
мӕ ныфс фесӕфти.
14Дунедарӕг, Дӕ хорзӕхы аккаг мӕ скӕн,
сӕфын мӕ ма бауадз!
О Дунедарӕг, ратындз мӕм ӕххуысмӕ!
15Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт,
мӕн амарынмӕ чи хъавы, уыдон!
Ӕгадӕй лидзӕг фӕуӕнт
ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ!
16Уӕртӕ ис, уӕртӕ, зӕгъгӕ,
мӕныл йӕхи худӕгӕй чи хаста,
уыдон фӕхудинаг уӕнт!
17Дӕумӕ чи тырны,
уыдон та райӕнт ӕмӕ цин кӕнӕнт!
Дӕ ирвӕзындзинадӕн аргъ чи кӕны,
уыдон ӕдзухдӕр дзурӕнт:
«Кадджын у Дунедарӕг!»
18Мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн ӕз,
фӕлӕ мӕ Дунедарӕг нӕ рох кӕны!
Ды — ме’ххуысгӕнӕг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг!
Фӕстиат ма фӕкӕн, мӕ Хуыцау!
Copyright information for OssIBT2022