Psalms 4
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом. 2О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр!Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ!
Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман.
Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!
3О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ номыл?
Кӕдмӕ уын уыдзысты адджын
мӕнг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фӕливӕнтӕ?
4Уый зонут, ӕмӕ Дунедарӕг фӕхъулон кӕны,
ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны.
Ӕз Дунедарӕгмӕ куы скувын,
уӕд мӕ Уый фехъусы!
5Уӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ,
тӕригъӕд ма исут уӕхимӕ;
уӕ хуыссӕнуаты ахъуыды кӕнут
ӕмӕ ӕрсабыр ут.
6Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ
ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.
7Бирӕтӕн сӕ ныхас уый у:
«Чи нын цы ракӕндзӕн хорзӕй?»
Дунедарӕг, Дӕ цӕсгомы рухс нӕм равдис!
8Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай,
йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн,
ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй,
уыдоны цинӕй фылдӕр чи у!
9Ӕнцад-ӕнцойӕ ӕрхуыссын ӕз
ӕмӕ бафынӕй вӕййын,
уымӕн ӕмӕ, о Дунедарӕг,
ӕрмӕстдӕр дӕ фӕрцы дӕн ӕдас!
Copyright information for
OssIBT2022