Psalms 40
1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2Тӕхудиаг у мӕгуырыл аудӕг —бӕллӕхы бон ӕй Дунедарӕг фервӕзын кӕндзӕн.
3Дунедарӕг ӕй бахъахъхъӕндзӕн,
мӕлӕтӕй йӕ бахиздзӕн,
цардамонд ын схай кӕндзӕн,
знаджы къухтӕм ӕй нӕ ратдзӕн.
4Куы’руатон уа, уӕд ын Дунедарӕг хъару ратдзӕни,
рынчыны уат ӕнӕниз цардӕй раивдзӕни.
5Кувын ӕз: «О Дунедарӕг!
Батӕригъӕд мын кӕн!
Сдзӕбӕх мӕ кӕн,
уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдджын дӕн Дӕ разы!»
6Мӕ фыдгултӕ, ме сӕфтмӕ бӕлгӕйӕ, дзурынц:
«Цымӕ кӕд ныммӕлдзӕни,
кӕд фесӕфдзӕни йӕ кой?»
7Рынчынфӕрсджытӕ мын
цурон ныхӕстӕ акӕнынц,
сӕ зӕрдӕты та — марг:
мӕ разӕй куы ацӕуынц,
уӕд ракӕнынц мӕ фыдгой.
8Хъус-хъус кӕнынц,
сӕ марг калынц:
9«Низ ыл фӕтых ис,
ӕмӕ нал рабаддзӕни».
10Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн,
ӕмӕ ӕууӕндгӕ дӕр кӕуыл кодтон,
мемӕ къӕбӕр чи хордта,
уый дӕр мӕ ныхмӕ рацыди.
11О Дунедарӕг!
Батӕригъӕд мын кӕн!
Мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕн,
ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр аккаг фӕуон!
12Ме знӕгты мыл куынӕ фӕуӕлахиз уой,
уӕд ӕй зондзынӕн,
Ды мыл кӕй аудыс, уый.
13Мӕн та Ды бахиздзынӕ фыдбылызӕй,
мыггагмӕ Дӕ разы куыд уон, афтӕ.
14Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау,
мыггагӕй мыггагмӕ!
Аммен! Аммен!
Copyright information for
OssIBT2022