‏ Psalms 41

1Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.

2Саг суадонмӕ куыд фӕтырны,
афтӕ мӕ уд тырны Дӕумӕ, Хуыцау!
3Мӕ уд бӕллы Хуыцаумӕ,
цардӕгас Хуыцаумӕ!
Кӕд бацӕудзынӕн
ӕмӕ Хуыцауы раз кӕд ӕрлӕудзынӕн?
4Мӕ цӕссыгтӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй
цӕхсын мӕхи, ӕрвылбон хъусын:
«Кӕм ис дӕ Хуыцау?»
5Мӕ зӕрдӕйы тугтӕ ныккӕлынц,
уый куы ӕрымысын, уӕд:
ӕз-иу цины хъӕртимӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ,
бӕрӕгбонхуыз дзыллӕимӕ цыдтӕн
Хуыцауы хӕдзармӕ.

6Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ,
цӕуыл у дӕ сагъӕс?
Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар:
ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн —
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.
7Мӕ уд хъынцъым кӕны мӕ мидӕг,
ӕмӕ Дӕ мысын Иорданы зӕххыл,
Ермоны хӕхбӕсты, Мицары хохыл.
8Хуыдым сиды хуыдыммӕ
Де’хсӕрдзӕнты хъӕлӕсӕй;
Дӕ дӕттӕ ӕмӕ Дӕ уылӕнтӕ
акалдысты мӕ сӕрты.
9Дунедарӕг мын боныгон
равдисы Йӕ хорзӕх,
ӕмӕ ме’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл —
мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.
10Ӕз зӕгъдзынӕн Хуыцауӕн, мӕ Къӕдзӕхӕн:
«Цӕмӕн мӕ ферох кодтай?
Цӕмӕн мӕ уадзыс ме знагӕн ӕфхӕрын,
кӕугӕйӕ цӕмӕн ӕрвитын мӕ бонтӕ?»
11Уӕнгсастау дӕн,
ӕмӕ мыл мӕ фыдгултӕ худынц:
«Кӕм ис дӕ Хуыцау?»
12Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ,
цӕуыл у дӕ сагъӕс?
Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар:
ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн —
мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.
Copyright information for OssIBT2022